![]() Дисциплины:
Архитектура (936) ![]()
|
Цæлыкмæ фæндаг 41 часть
Фæлтæрæй-фæлтæрмæ баззадысты йæ ныхæстæ æмбисондæн, абон дæр ма йæ дзы мæстæй марынц. Æнæхъинцъ æмæ æнæмастæй фæцард Масаимæ. Фæцард, зæгъгæ, колхозы быдырты æрвыстой фылдæр сæ цард — кæд ын цард схонæн ис, уæд — тухи æмæ фыдæбонæй, кæм рувæнимæ, кæм сагойимæ, карст мæнæу фæлдахгæйæ æмæ хос ссивгæйæ, кæм къæдз белæй мусы мæнæу фæйлаугæйæ æмæ фермæйы фаджыс калгæйæ, кæм афæдзы фæллой бур голладжы дзагæй машинæйы æвгæнгæйæ — кæдæм æй ластæуыд, мæгъа; æнæрайы колхозы та кæд нæ разындзæн афæдз-афæдзы дæргъы куыст. Цардысты, кæд ын цардыл банымайæн ис, уæд — æмæ сын Хуыцауы цæст уыцы фыдæбойнаг цард дæр нæ бауæрзта — йæхимæ фæхаста Масайы, æмæ зæронды бонты къæсæрыл Джабраил зыбыты иунæгæй аззад: кæм артхъуаг, кæм хæрдхъуагæй. Адæм хорз сты — сæфын æй нæ бауагътой: йæ куывдæй æмæ йæ хистæй никуы ничи раздæхта æнæ удыбæстæйы хайæ. Сагъæсы бафтыдта хъæубæсты: макæцæй йæм мацы хæццæ кæна? Куывд, чындзæхсæв, зиан — уыдонæн басусæггæнæн нæй: æгас хъæубæстыл куы нæ айхъуысой, уæд сæ хъæуæн йæ иу æмбис уæд та базондзæн кæм хонæджы, кæм хъæргæнæджы фæрцы, уый нæ, уæд та хъус-хъусæй. Фæлæ дæрдты хабар куы нæ уа, уæд та йæ цымæ куыд базоны? Майрæмæхсæв, сиахсдзыд, авдæнбæттæн, зæрдæвæрæн æгæрмæгуыр сыхбæстæн се ’ппæтæн куы нæ вæййы зындгонд, уæд? Хъæуы цыппар кæронæй кæмфæнды дæр уæд. Кæртæй æддæмæ нæ рафтдзæнн боны фыццаг æмбис, никæмæй ницы фехъусдзæн, афтæмæй адæм æрбадынæввонг куы уой, уæд ын æнæ фæзынгæ нæй. Цины чи æрбамбæлы, уыдон ыл зæрдиагæй ныццин кæнынц; зианы кæнды та зианджын йæхæдæг бафæдзæхсы: «Джабраил уæ ма ферох уæд». Чи — йæхи, чи та — йæ марды удыбæстæйæн. Кæм стонг, кæм æфсæстæй йын нозт дæр куыннæ тых кæна. Уынджы йыл къуымæлдзæфæй чи бамбæлы, уыдон æй хъазгæ æмхасæнты æнæафæрсгæ нæ фæвæййынц: — Кæм та дзы нынцъыхтай, Джабраил? — Дæлæ дæлейы. Науæд: — Уæлæ. уæлейы. — Уæртæ фалейы. Цыфæнды ракъах-бакъах æй кæн, аргæвд æй, акъæртт æй лас — йæ фысымыл комдзог никуы рацæудзæн. Æмæ канд цины кæнæ зианы хабæрттæй нæу — йæхи сыхы дæр æмæ иннæ уынгты дæр æй фæцæйцæугæ чи фена, уыдонæй йæ исчи йæ хæдзармæ æнæ фездахгæ нæ фæуыдзæн, иугæр йæ рæбыны исты куы зона, уæд: — Рауай, Джабраил, иу хъарм арахъ дзы ныкъкъах. Удыбæстæйæн... Уæд куыд хъуамæ ма сæмбæлдаид Аккойы чындзæхсæвы, æгас хъæубæстæ уырдыг куы слæууыдысты: стæ-ма, дыууадæс æмæ дыууиссæдз азы кæмæ фæбадт, уый уагæры цавæр уадиссаг уыдзæн? — Цæй æрæгмæ сæмбæлдтæ, Джабраил? — афарста йæ Батыраз, нæ цурмæ уыцы уæзбынæй куы æрбахæццæ, уæд: цыма йæ алы къахдзæфæн дæр хуымгæнды хоры гага æппары æмæ хуыздæр цæмæй равзæра, уый тыххæй йыл зæвæтæй къахфындзмæ йæ уæз уадзы, уыйау. — Картоф къахтон æмæ... Кæронмæ нæ ахæццæ йæ ныхас — цæмæ йæ дзура кæронмæ: æмбисыл дæр бæрæг у — хъуыддаджы лæуд уыди æмæ йæ раздæр нæ равдæлд. Йæ рагон миниуæг: цалынмæ йæм сдзурай, уæдмæ йæ дзыхæй ныхас не схаудзæн. Фæзæронд Джабраил, фæзæронд. Айдагъ йæ къахайстæй дæр ма куы уаид, фæлæ йæ уæнгты æппæт æвæрдæй: уæхсчытæ бынмæ æрхаудтой, бæрзæй фæгуыбыр, цæсгом — æнцъылдтæ, уадулты хъис фæхалас. Æрмæст ма цæстытæ, йæ рагбонты куыд уыдысты, афтæ цъæх-цъæхидæй баззадысты хорфыцæны фæскъæвда арвæй цъæхдæр. Иу ранмæ куы фæкомкоммæ уа, уæд дзагъырдзастæй лæудзæн, уæлтъыфылтæн дзæвгар рæстæг фестъæлфæн нæй. Фындзыхъæл бынтондæр хæрдмæ фæцыди, йæ кæрон та бынмæ æрзæбул, мæстæй йæ фæмарынц: куыдз былæй дæлæмæ куы кæса, уыйау. Чи йæм фæкомкоммæ, уымæн æнæ сдызæрдыг нæй: æрдзæй рахæсса ахæм хъæл, уымæн уæвæн нæй — мидæгæй дзы æнæмæнг къæлæт æвæрд ис — æндон телæй кæнæ æхсæр уисæй æмæ йыл уый æддæмæ хæцы. Фыдæбоны хос ын арæх фæвæййы. Адæм куы фæхъалдæр сты æмæ кæрæдзи фæзмгæйæ амæй-ай аивдæр авджын дзаума æвæрын куы байдыдтой фынгыл, уæд Джабраил райдианты цалдæр хатты тынг батыхсти. Уыцы æнæхайыры дæргъæлвæст нарæг агуывзæтæй йæ разы æрæййæфта, уæд ын фыдæбоны хос разындаид — фындз æй хъыгдардта æмæ нозтæй йæ хъуырмæ цас нæ цыд, уыйас дзы роцъойыл æмæ риуыл калди. Иу хатт. Иннæ хатт. Æртыккаг хатт. Æмæ уæд бавдæлд æмæ йæ агуывзæ йæ дзыппы хæссын байдыдта — фæтæнком цыбыр цайцымæн. Райдианты йыл адæм худæгæй сæхи хастой: — Гъей, Джабраил, хæдзармæ исты фыдæх дарыс æви йыл цайцымæнгай арт кæдæм сæндзæрстай? — Мæ фындз мæ хъыгдары æмæ... — къæмдзæстыгхуызæй рæстытæ кодта йæхи. Гæды зæгъын тæригъæд уыдзæн: дзагæй йæ никуы нуæзта — æмбисæй. А, æвæдза йын æй уырдыгстæг рæдыдæй кæнæ ахъазыны охыл дзагæй рауагъта, уæд та йын æмбис иу гаджидауæн, æмбис иннæмæн банызтаид. Йæхи цæстæй йæ чи нæма федта, уыдон ын фехъуыстой йæ агуывзæйы кой æмæ уайтагъд диссаг дæр æмæ худæг дæр никæмæуал касти. — Уæллæй, Джабраил, дæуæй фыдæхдæр адæймаг никæй зонын æз,— хъазы Батыраз. — Иугæр сасиры тъупп-тъупп искуы ссæуæд, æндæр æй хъæуы кæцыфæнды кæронæй дæр айхъусыс, афтæмæй дæхимæ чындзæхсæвы кой нæй. Æртындæсаздзыд лæппуйау ныкъкъæмдзæстыг, цыдæртæ багуым-гуым кодта хинымæр. — Ды Хуыммæллæгмæ дзавгъæлы нæ фæцалх дæ,— йæ хъазæн ныхас нæ уадзы Батыраз. Сырххъулон афæлдæхт Джабраилы цæсгом — æцæгдæр дзы ахæм исты ис, æвæццæгæн: иуварс азылд æмæ бартхъирæн кодта: — Уый дæм бæрæг уыдзæн бæргæ... — Ничи йæм кæсы! — ныддис Батырадз. — Æртхъирæнтæ дæр ма мæнмæ хъæуы. Уæллæй, дæ фыдбылыз мын куы нæ уыдаид, уæд ма мæ кæд исты рауадаид, уæддæр мæ ахуырæй фæхауын кодтай. Дыууæ азы йеддæмæ нæ фæбадт Джабраил фыццаг къласы, фæндгæ та ма йæ ноджыдæр иу аз кодта. Йæ зæрды йæ ахуыргæнджыты æххуысæй дыккаг къласы баххæст кæнын бæргæ уыди, фæлæ мæгуырæн та йæ фæндтæ кæд бафтыдысты йæ къухы? Æртыккаг уалдзæг æй бæргæ æрæййæфта дыккаг къласы, æрмæст дзы кæронмæ нал ахæццæ. Раст æй уым баййæфта Батырадз дæр. Йæ мад сæхи Зæликæйæн — ахуыргæнæгæн — балæгъстæ кодта: «Дæ хорзæхæй, пецы фарсмæ йæ сбадын кæн, науæд фарон афæдзафæдзы дæргъы не стæфсти». Тæккæ фыццаг бон се ’ппæты разæй æрхæццæ скъоламæ Батыраз. Сæ кълас кæцы у, уый куы базыдтой, уæд иннæтæ иууылдæр фæстаг бандæттæм ныххæррæтт ластой — æдылытæ, зымæг та кæй ралæудзæн, уый сæ байрох,— Батыраз та, пецы фарсмæ хæстæгдæр цы партæ уыд, ууыл йæхи ныццавта, Зæликæйы æххуыс дæр æй нал бахъуыд. Зымæджы дæргъы йе ’мбæлттæй алчи йе ’нгуылдзтæ комытæфæй тæфсын кодта, Батыразæн та-иу йæ бæмбæджджыны тæрттæ уæгъдгæнгæ æрцыдысты. Уæдмæ хур æввахсæй-æввахсдæрты зилын байдыдта, бонæмбисмæ тæдзынджытæ фæхъæлдзæгдæр вæййынц, кæд æхсæвы хъызт нæма лæмæгъдæр кæны, уæддæр: донабузæн ралæууыд. Хуры хъарм тынтæ рудзынгæй куы бакастысты æмæ кæройнаг рæнхъы партæтыл хъазын куы байдыдтой, уæд Джабраилæн чиныгмæ кæсгæ-кæсын йæ цæстытæ æрцъынд сты. Ахуыргæнæг сын Бирæгъ æмæ Рувасы аргъау кæсы, куы иуы, куы иннæйы афæрсы ахуырдзаутæй, йæ дзуапмæ йын байхъусы æмæ та дарддæр кæсы. Сфæлмæцыд уыцы аргъауæй Джабраил: фарон дæр æй фехъуыста, æндæраз дæр. Цæстыты уæлтъыфылтæ æруæззау сты, схæцын сыл нал фæразы. Йæ размæ Лубæйы морæ хъæдабæ уæлгуыры фæсонтæ арвы тыгъдад фестадысты; йæ цæнгтæ фæйнæрдæм фæхаста Джабраил, батылдта сæ хъæрццыгъайау æмæ — мæнæ диссаг! — зæххæй фæхицæн, арвы хъæбысмæ фæтæхы. Тынгдæр сæ батылдта æмæ уæлдæр стахти, къаддæр — æмæ фæдæлдæр. Тынгдæр æмæ та фæуæлдæр; раст цыма сусæны æмбисбон Хуымæллæджыдоны ленк кæны, уыйау тæхы: скъолайы сæрты, Залийы цæхæрадоны сæрты — йæ тæккæ дидинæг æфтаугæ у, урс æмæ сырхбын пиллон калынц бæлæстæ; дыргъафон куы уаид, уæд хæдзармæ хæстæг джиранка фæткъуыйы цъуппыл бæргæ абадид, уынгæ дæр æй ничи фæкæнид, афтæмæй; раздæр йæ мондæгтæ суадзид, стæй уæд ставддæртæй æмæ сырхвæрстæй роны дзаг æртонид — æхсызгон сатæг хъыдзы йын кæниккой йæ гуыбыныцъар; о, фæлæ ма цымæ роны дзагимæ стæхын сфæразид? Цæй, иугæр рон байдзаджы онг бинонтæй кæнæ сыхæгтæй мачи фæфæдис уæд, æндæр кауы хуынкъыл дæр исты амал уаид; цæй, фæсмойнаг нæу, афон кæй не ’рæййæфта, уый — иугæр тæхын базыдта, уæд дыргъафон дæр та стæхдзæн: ленк кæнынæй уæлдай нæу — искуы ленк кæнын сахуыр уыдзæн, уый не ’нхъæлдта, ныр фарон сæрд куыд базыдта, уый æмбаргæ дæр нæ бакодта: диссагæй æмæ зынæй дзы ницы ис, æрмæрт астæумæ донæй куы фæфалдæр уай, уæд къухтæ æмæ къæхтæй рæвдз архай, æндæр дын фæдæлдонæй тас нал у; тæхын дæр афтæ у, æндæр цы, стæй ноджы æнцондæр — ленк кæнынæй адæймаг афæллайы, тæхын та йæм нымады дæр нæу, æнæмæтæй тйлы йæ цæнгтæ; фæсте аззад Залийы цæхæрадон: бригады дуармæ цъæх нæууыл лæппутæ къори къуырынæй хъазынц, сæ иу æм фæкомкоммæ æмæ ныддиссаг: «Уæлæ-ма! Уæлæ-ма: Джабраил æрбатæхы!» Сæ хъазт фæуагътой æмæ йæм хæлиудзыхæй хæрдмæ кæсынц. А фаллаг фарсы лæппуты уагтæ хорз зоны Джабраил, рагацау цалдæр тыхджын схуысты фæкодта цæнгтæй æмæ афоныл фæуæлиау: сæ къорикъуырæн лæдзджытæ йыл хæрдмæ суагътой: зыввытт, зыввытт. Куыннæ стæй! Кæд тæхгæ халоны акъуырдзынæ лæдзæгæй, уæд Джабраилы дæр. Араллогæнгæ фæстиау аззадысты хъуахъдзыхæй. Дæлæ Фидараты куырой, йæ фыдты æмыр хъырру-мырру хъуысы, донмарæны фале рæгъау ривæдмæ æрбамбырд; хъомгæс Тимуска хъæр кæны Джабраилмæ, йæ золочъийæ йын амоны: «Фалæты атæх, Джабраил, фалдæрты, науæд мæ хъом куы фæтæрсой, уæд ныххæлиу уыдзысты æмæ сæ райсоммæ дæр нал æрæмбырд кæндзынæн. Фалæты,. фалæты!» Фæтæригъæд. ын кодта Джабраил, азылд фалæты. Сæхимæ раздæха æви Хуымæллæгмæ, йæ мадырвадæлтæм фæтæха? Хæрзаг диссаг сæм фæкæсдзæн, кæрты дуар бахойыны бæсты сæм уæле дæлæмæ куы æрхъæр кæна, уæд. «Хъырру-мырру»,— æнæрынцойæ кæрæдзийы хойынц куыройы фыдтæ. — Хъырру-мырру,— сфæзмыдта сæ Джабраил. — Æрхæццæ стæм, райх;ъал у, Хъырру,— фаллаг рæнхъæй йæм йæхи æрбаивæзта æмæ йын йæ рæмбыныкъæдзы тæккæ риссагдæр булавкæйæ фæрæхуыста Додтан. Джабраил фæсонт, уыциу тæррæттæй партæйыл февзæрд, скъоладзауты сæрты иу рæнхъæй иннæмæ гæпгæнгæ Батыра. зы партæйыл алæууыд — уый йыл сæвæрдта Хъырру мæстæймарæн ном,— къах дард фæхаста æмæ хъæбæр æрчъийæ лæппуйы уæлхъус тыхбонæй ныддаудта, Батыразы сæры цæлхъ пецы къулыл ссыд æмæ лæппу уадзыгæй партæйыл æрфæлдæхт. Бæстæ хъыллист æмæ цъæхахст ссис, Зæликæ дæр фырдиссагæй хъуахъдзыхæй аззад. Джабраил та къласы дуар йæ сæрыл рахаста æмæ уæдæй фæстæмæ йæ къах скъолайы кæрты нал æрлæууыд. — Уæд ма æртхъйрæнтæ дæр мæнмæ хъæуы,— йæ рагон маст йæ зæрдыл æрлæууыд Батыразæн. — Уæд мын цы нæ фæдæ, уый мын дæ зæрды ныр ис? Дзуапп ын нæ радта Джабраил: уæддæр ницы бамбардзæн ацы хуырым. Цал æмæ цал — дæс æмæ дыууиссæдз азы размæ схауд йæ дзыхæй мæстæймарæн ном Хъырру, æмæ абон дæр адæмæй нæма байрох, фæлтæрæй-фæлтæрмæ йæ хæссынц. Цыма йæхиуыл хуыздæр ном сбадт — Бæхмой. Æрмæст æм уыцы номæй ничиуал дзуры — рох фæцадаид æви йæм уæндгæ нæ кæнынц? Бæгуырдæр æм уыдзæн бæрæг. Чи дзы бæхы мой у, чи сæгъы мой, чй роды мой. Цыма сæ мæлын нæ хъæудзæн, уыйау. Æмæ дзы уæд кæмæн сыджыткъахæны дзæгъæлдзу род, кæмæн хъæугæроны æнæхицау хæрæг, кæмæн бæгъæмдымæг сæгъ рауайдзæн йæ размæ уасгæ. Гъе уæууæй, уæууæй! Уый æмæ дын Джабраил йæхæдæг. Къæмдзæстыггаг æмæ фидиссаг дæр нйцæмæй у. Маса рауайдзæн йæ размæ цингæнгæ, уæлæуыл ын чи нæ уыд, фæлæ йæм ныгæнгæйæ кæмæйдæр удыбæстæйæн чи æрхауд, уыцы тыбартыбургæнгæ аив къабайы, цыллæ цъындаты, удæнцой ныллæгзæвæт туфлиты, зæлдаг сæрбæттæны, ногнадæй, ногфаст æмæ аив быд дзыккуимæ. Хуынд адæмæй чындзхæссæг загъд кæмæн уыди, уыдон иугай-дыгай кæртмæ цæуынц нæ рæзты, мах та æртæйæ лæугæ баззадыстæм тæккæ æгасцуай зæгъæны. Джабраил ныхасæмбал нæу рагæй дæр, цалынмæ йæм сдзурай, уæдмæ йæ дзыхæй ницы схаудзæн. Æрмæст маст кæмæй зоны, мæнæ Батыразы хуызæн, уыдонæй исчи куы фæзыны, уæд ыл дардмæ бахъуырхъуыр кæны, бустæхуызæй йæ былтæ иннæрдæм акъуыры, цыма йын йæ фыдгултæн сæ уынд дæр тых кæны, уыйау. Дæлæ йæ лæдзæгимæ рæвдзгомау суайы Мысе. Йæ къахайстмæ гæсгæ, марадз, искæй бауырнæд — цыппарыссæдзæй йыл фæуæлæмæ. Уæддæр зивæг нæ зоны — æрмæст ын йæ дуар бахостæуæд —. цинмæ дæр æмæ зианмæ дæр. Æниу, зивæг цы хонын, зивæг? Хæдзары куыстмæ зæгъай, цæхæрадоны змæлдмæ йæ цоты æмæ уыдоны цоты йæ разæй нæ ауадздзæн. Хæдæлвæст, тæнтъихæг, морæбын къæбæлдзыг бухайраг худы, æфсæддон тæбын хæдон галифейы æддæты уагъд, астæу афицеры фæтæн ронæй æлвæст, цырыхъытæ цæхæр калынц, схъæлрихи. Никæй хъыджы цæуы, афтæмæй йæ нæуарзæгау кæнынц бирæтæ. Цæмæн куы зæгъай, уæд сæудæджермæ æмхиц кæй у, уый тыххæй. Йæ бафæзмыны бæсты. Сæудæджер, зæгъгæ, йæ базайрæгтæ иууылдæр йæхи уды фыдæбон сты: æрыскъæф, бадырджан, нуры, цъылын. Æгайтма амæлттæ кæны æмæ йæ каст паддзахадмæ дæр нæу æмæ йæхи цотмæ дæр. — Дæлæ ма Мысемæ кæсут, йæ лæдзæджы сæрты гæппытæгæнгæ куыд уайы,— йæ рæвдз къахайстыл ын ныддис кодта Батыраз. — Æз та æнхъæлдтон, æмæ ахæм рæттæм уæвгæ дæр нал цæуы. — Ды Уæрæсейы къуымты зилыс æмæ йæ кæцæй хъуамæ зонай, æз та йæ алы хабары дæр сæмбæлгæ уынын. Уайдзæфау фæкаст мæ ныхас Батыразмæ æмæ ницуал сдзырдта. Уыйхыгъд Джабраил бахъуыр-хъуыр кодта: — Лæххор у уый, лæххор! — Уæууа, Джабраил, исчидæр ма зæронд лæгæй афтæтæ дзуры. — Зонын æй æз, зонын! Бæгуыдæр æй зоны. Сæ цæхæрадæттæ кæрæдзимæ хæстæг сты Мысеимæ. Куадзæны дыккаг бон сæумæйæ — цъиутæ дæр сæ ахстæтты нæма базмæлдысты, афтæ раджы сыстади Джабраил. Быдырмæ ацæуыны размæ йæ зæрды уыд, нартхор садзинаг ма йын цы аззади, уый фæбынæй кæнын. Къусы дзаг удæст нартхоримæ æмæ белимæ цæхæрадонмæ рахызт. Æнхъæлдта, æгас хъæуы дæр йæхицæй раздæр ничи рабадт. Куыннæ стæй! Ацы Мысе та йæ разæй фæци. Мæлдзыг у æмæ мæлдзыг, фæллад дæр куыннæ зоны уымæй уæлдай? Раджы рабадаг, дам, æвæсмон. Фæлæуу-ма, фæлæуу, цы кусы уый? Йæ пысунæ æндæр ранмæ ивынвæнд ма скæнæд бонивайæнты? Чъылдымы дуарæй куыд рахызт, афтæ йæм джихæй баззад Джабраил. Лæдзæгыл фидаргонд алюмин цолпыимæ æмæ фаджысхæссæн къæртаимæ пысунæмæ бацыд Мысе. Исдуг дзы афæстиат æмæ фæстæмæ дзаг къæртаимæ рахызти, къулмæ хæстæг йæ лыстæг хуымтæ кæм сты, уыцырдæм араст. Джабраилмæ зыныц белгомы бæрц сыджыты цъупгæндтæ: æвæццæгæн, изæрæй скъахта дзыхъытæ цыдæр садзынæн. Бæгуыдæр. Дзыхъыты рæнхъыл фæцæуы Мысе, алкæм дæр дзы цолпыйы дзаг æркалдта къæртайæ. Ногæй та пысунæйы фæмидæг æд къæрта æмæ та йæ дзагæй рахаста, дзыхъытыл та цолпыйыдзаг калгæ æрзылди. Æнæрцæугæ диссагмæ джихæй баззад Джабраил, йæ кусинаг дæр дзы байрох, мыггаджы къус йæ дæларм, бел йæ къухы, афтæмæй сагъдауæй лæууы. Аст къæртайы куы равдæлон кодта Мысе, уæд кæртмæ бацыд æмæ кæхцы дзаг бадырджаны æвзартимæ фездæхт уайтагъд, дзыхъытыл та ногæй æрзылд алкæм дæр фæйнæ æвзары æппаргæ. Стæй уæд садзынмæ бавнæлдта. Алы дзыхъы цур дæр дзудздзæджы æрбады, иу къухæй æвзарыл хæцы, иннæмæй йыл сыджыт бæстон æрбамбæрзы алырдыгæй, фæстагмæ та дыууæ къухæй æфсæрæгау æркæны сыджыт. Фыццаг рæнхъ куы фæцис сагъд, уæд æмраст слæууыд æмæ йæ фыдæбоныл йæ цæст куыд ахаста, афтæ Джабраилмæ фæкомкоммæ. Хорзау нал фæци: нырма ныр рахызтаид чъылдымы дуарæй æви рагæй сагъдауæй лæууы? Федта йæ, цы кусæг уыди, уый тæккæ райдианæй æви нæ? Хъуамæ ма федтаид; сахаты æрдæджы размæ куы хаста къæртайы дзаггай, уæд уый бæрц рæстæг лæууа рахизæны? Æмæ йæ кæд нæ федта, уæд æм уæдæ афтæ цымыдисæй цæмæн кæса? Йæ гуырысхотæн ын кæрон сæвæрдта Джабраил: — Гъе, лæххор, лæххор! — Дæ дзыхыл хæц, фаджыс! — фæтъæлланг ласта Мысе. — Исты сæ мæхæдæг хæрдзынæн? Уæйæн сæ садзын, æдылы къоппа! — йæхи рæстытæ кæнынмæ февнæлдта зæронд. Худинаг æмæ аллайаг, хабар куы айхъуыса, уæд. Фæлæ йæм Джабраил кæсгæ дæр нал фæкодта, цæхæрадоны астæумæ ацыд æмæ йæ кусинагыл æрлæууыд. Уæнгæл ын фестад уæдæй ардæм Мысе. Æмæ йын куыннæ феста, кæд æмæ йæхи æмбарынхъом куы фæци, уæдæй фæстæмæ йын бадырджан тæккæ адджындæр хойраг уыди. Мысейы куыстмæ куы бакаст, уæд бадырджан йæ дзыхмæ никæйуал хæдзары систа, йæхæдæг дæр æй никуал балхæдта. Азæй-азмæ фенхъæлмæ кæсы, йæхи цæхæрадоны кæд сцæттæ уыдзæн, уымæ. Æмæ уый кæд æмæ кæд вæййы, адæм дзы уæдмæ зæрдæцъæх дæр ма фæвæййынц, алчи дзы йæ уæлдай ныууадзы. Æмæ цы гæнæн ис? Йæхи цæхæрадонæй уæлдай ма кæд колхозы бадырджаны хуыммæ искуы бафты æмæ хъалагъуртæ сæ зæрдæйы хорзыл кæд разынынц, уæд йæ хъуыддаг ацыд. — Уæ хорзæхæй, ардæм уынджы лæууынмæ æрбацыдыстут æви чындзæхсæвмæ? — нæ цуры бустæгæнгæ æрбалæууыд хæдзары хицау. — Мæнæ ма кæдæй уæдæй Джабраилы федтон æмæ мæ йæ разæй мæ къах нал хæссы. Батыразимæ сæ лæппуйы бонтæ æрымысыдысты æмæ сæм æз дæр хъусын. — Рахизут, рахизут мидæмæ, адæм æрбадтысты æмæ худинаг у: куы бацæуат, уæд та ногæй сæнкъуысдзысты ды дæлдæр сбад, ды та уæлдæр сбадгæнгæ. — Цæуæм, уæдæ, Джабраил, кæд каст махмæ у, уæд, æмæ фæрсæй-фæрстæм рабадæм,— рахæцыдтæн ын йæ цонгыл. Фæлæ йæхи атыдта: — Нæй мын, — нæй, чындзæхсæвы бадæн. — Ау, уый та куыд? — Сау дарын, сау: мæ мадыфсымæры ус амарди,— æмæ йæ æнæдаст уадул æвдисæн хæссæгау армытъæпæнæй сдаудта. Уайтагъд дæр æй бамбарын æмбæлди бæргæ, фæлæ йæ марадз æмæ равзар, сау дары æви зивæджы фыдæй хъуынджын у; мæлæты арæх æй куы нæ фендзынæ дастæй.
![]() |