Главная Обратная связь

Дисциплины:

Архитектура (936)
Биология (6393)
География (744)
История (25)
Компьютеры (1497)
Кулинария (2184)
Культура (3938)
Литература (5778)
Математика (5918)
Медицина (9278)
Механика (2776)
Образование (13883)
Политика (26404)
Правоведение (321)
Психология (56518)
Религия (1833)
Социология (23400)
Спорт (2350)
Строительство (17942)
Технология (5741)
Транспорт (14634)
Физика (1043)
Философия (440)
Финансы (17336)
Химия (4931)
Экология (6055)
Экономика (9200)
Электроника (7621)


 

 

 

 



Цæлыкмæ фæндаг 39 часть



Цæлыччы дзæвгар бауадысты машйнæтæ. Мæнæу кæм систой, уым фæрсæй-фæрстæм хуымгæнгæ баййæфтой æртæ тракторы. Хуымгæнджытæй чысыл фалдæр, быдираг фæндаг галиуырдæм кæм фæсаджил, уым дæлбылы разынд бæлæсты къох. Сæ фæдыл бæрзонд рыджы æврæгътæ амайгæ йæм уайтагъд бахæццæ сты машинæтæ.

Бригады баййæфтой æрмæст Мухары. Цыппар рог машинæйы фæд-фæдыл куы æрлæууыдысты бæлæсты бын, уæд сæ размæ рацыд уæзбын сындæг санчъехтæй. Æрбацæуджытыл ахуыр кæд уыди, уæддæр æм диссаг фæкаст, рагацау ын кæй ницы фехъусын чындæуыд, уый. Машинæтæй чи рахызт, уыдон бакъорд сты. Обкомы секретары йеддæмæ дзы никæй базыдта, нæдæр районæй исчи уыд семæ, нæдæр колхозы разамындæй.

— Мæнæ дын уый та Мухар йæхæдæг,— къæсхуыртæ бæрзонд нæлгоймагимæ йæ размæ бацыд обкомы секретарь.

— Алыбон æгас цæут, уазджытæ! — сæ къухтæ сын райста Мухар.

— Мæлæты дзæбæх сатæг уæм у,— къохы рæхснæг аив бæлæстыл йæ цæст ахаста бæрзонд нæлгоймаг.

— Сæхæдæг ныссагътой бæлæстæ, зилгæ дæр сæм сæхæдæг кæнынц,— раппæлыд обкомы секретарь.

— Уæдæ цы бакæнæм, нæ цард фылдæр ам у æмæ. Лæппутæ фæлладæй куы æрбацæуынц, уæд сын хæринаг дæр ма ратт, бæлæсты бын нæууыл æрхуыссын сæ бауадз æрмæст,— цыма истæмæй азымджын у æмæ йæхи рæстытæ кæны, уыйау дзырдта Мухар.

Йæхинымæр та архайдта, обкомы секретаримæ чи æрбацыд, уыимæ кæм фембæлдаид, уый æрхъуыды кæныныл. Бæрæг бæлвырдæй зонгæ у йæ цæсгом, фæлæ йæ æрхъуыды кæнын нæ фæрæзта. Газеты йын федтаид йæ къам æви æмбæлгæ искуы скодтаиккой? Обкомы секретарь йæ разы йæхи куыд дары, уымæ гæсгæ бамбæрста Мухар — стыр хицау у.

— Æз дæ рагæй зонын, Мухар,— бахудт Стыр Хицау.

Мухар бынтондæр йæхиуыл сгуырысхо, йæ бæзджын æрфгуытæ ныхы æнцъылдтыл хæрдмæ схæцыдысты.

— Æрмæст мæ дæ мыггаг байрох — Бæгуычатæ. Æнахуыр мыггаг, иунæг хаттæн æнахуырæй зын бадарæн у зæрдыл. Зонгæ та дæ телевизорæй бакодтон, кæд æмæ кæд уыдаид — мæгъа: уалдзæгмæ куыд бацæттæ кодтат, уый тыххæй дзырдтай уацхæссæгæн.

«Æмæ Ирыстоны телевизор куы фæзынд, уæдæй нырмæ нæ дзы цалдæр хатты кæд нæ равдыстой, ахæм аз зын æрхъуыдыгæнæн куы у»,— зæгъынмæ хъавыд Мухар, фæлæ ницы сдзырдта.

— Æмбарын дын дæ хъуыдытæ, ома, ардæм мæ мыггаг базонынмæ не ’рбафтыдаис,— ногæй та бахудт Стыр Хицау æмæ Мухар фестъæлфыд — æцæгдæр ын базыдта йæ хъуыдытæ.

— Æз дæм куы кастæн, уæд уацхæссæгæн загътай: йæ æмгъуыд аст азы йеддæмæ нæу тракторæн, кусгæ та цыппæрдæс азы кæны, стæй нырма цас бахъæуа, уыйас бакусдзæн. Афтæ у?

— Уæдæ!

— Æмæ ныр кæм сты, иу дзы куы никæцæй зыны?

— Æртæ дзы хъуамæ федтаиккат, куы æрбацæйцыдыстут, уæд — уæлбылы хуым кæнынц. Иннæтæй та чи цы куыст кæны, чи — цы.

— Иууылдæр?

— Иууылдæр,— хъæддыхæй загъта Мухар. — Уæдæ сæ ам цы хъуыддаг ис, колхоз йæ къухтæм æмхасæнтæ куы кæны тæккæ холлаг æвæрынафбн, уæд.

Уæрæсейы парахат быдырты кæдæм бафтыдаид Стыр Хицау, уым афæдзы кæцыфæнды афон цалдæр æрдæгхæлд трак’гЬры ма разына бригады, ахæм ран никуы федта. Уымæ гæсгæ йæ уырнгæ дæр нæ бакодта Мухары дзуапп. Уæвгæ та адæймагæн комкоммæ йæ дыууæ цæстмæ куыд æнæхинæй кæсы, уымæй бæрæг у — баууæндгæ йыл у. Уæддæр ма йæ бафарста:

— Ау, иунæг трактор дæр уæм нæ лæууы хæлдæй?

«Зæгъон æй æви нæ?» — ахъуыды кодта Мухар; обкомы секретарь цыдæр сдзуринаг уыд, фæлæ Мухар фæразæй:

— Иу нæм ис, æмæ уый дæр хæлд схонæн нæй — фæссихормæ срæвдз уыдзæн, уæртæ йыл Бæдæс архайы.

— Æз та ма... — йæ ныхас кæронмæ нал загъта, афтæмæй йæ къух ауыгъта Стыр Хицау.

Мухары хъæддых дзуаппы фæстæ бригады базилинаг трактор кæй разынд, уый обкомы секретарæн фæхъыг: цыдæр хиппæлой у бригадир, æргомæй йæ зæгъ — иунæг дзы кæны дзæгъæл лæуд, æндæр дæ чи æппæлæг кæны, æппæлдхъуаг. куы нæ дæ, уæд: «Иууылдæр».

— Æмæ йæ ракойы аргъ дæр нæу уыцы трактор — нымад рагæй нал у.

— Уæдæ ма цы зæгъай æндæр,— сбустæ кодта обкомы секретарь.

Ацы хатт та Мухарæн фæхъыг йæ ныхас.

— Фенут æй уæхæдæг.

— Цы йæ уынæм, куы йыл басастæ, уæд.

— Нæ, нæ, фенут æй, кæннод мыл мæнгарды ном сбаддзæн.

Йæ хъуырмæ кæй ссис, уымæ гæсгæ йын фæтæригъæд кодта Стыр Хйцау, æмæ Мухар кæдæм амыдта, уыцырдæм фæраст.

Къохы æдде, рæнхъсагъд бæзджын къудзиты аууонæй зынди æрмадзы шиферæй æмбæрзт сæр.

— Ды фысым дæ, фæндаг амон,— Мухары уæхскыл йæ къух æрæвæрдта Стыр Хицау æмæ æртæйæ дæр къудзиты æхсæн дуаргондмæ араст сты.

Дуаргондыл куы бахызтысты, уæд Стыр Хицау цыма йæ риу истæуыл скъуырдта, уыйау сагъдауæй аззад, йæ цæстытæ цæхæр акалдтой: къудзиты рæбын, бæлæсты аууон кæдæм хæццæ кодта, уым лæууыд «универсал». Колхозтæ иунæгæй йæ æккой чи фæхаста, суанг хæсты быдыры дæр йæ фыдæбоны хай чи бакодта æмæ хæсты фæстæ мартен пецты гуыргуыр арты йæ кой кæмæн атад, йæ тъæнгты хур иннæрдæм кæмæн касти, уыцы дæндагцалх æмæ тæнхауд «универсал». Стыр Хицауы цæстытæ схъыдзы кодтой, цыдæр судзаг къуыбар ын йæ улæфæнтæ ахгæдта æмæ йæ нынныхъуыр-нынныхъуыр кодта, фæлæ йын нынныхъуырыны амал нал уыд.

Сагъдæй баззад обкомы секретарь дæр.

— Мæнæ! — цыма йæ сæхæдæг нæ уыдтой, уый хуызæн сын къухæй ацамыдта трактормæ Мухар.

— Æмæ... æмæ тулгæ кæны нырмæ?

— Фæссихор атулдзæн. Раст нæ зæгъын, Бæдæс?

— Æнæмæнг атулдзæн, кæд æгас Ирыстоны скаст ацы хæлддзагмæ у, уæд,— дзуапп ын радта тамакосыгъд бæзджын фæсус хъæлæс; базыдта Бæдæс дæр обкомы секретары, æмæ йын фелхыскъы амал уа æмæ ма фелхыскъ кæна, уæд ын йæ хъустæ куы рачындæуыд.

Стыр Хицау æмæ обкомы секретарь сæ фырдиссагæй фыццаг бакастæн нæ бафиппайдтой, «универсалы» фалæрдыгæй чидæр архайдта, уый, ныр æм фæкомкоммæ сты: зыны æрмæст уæхсчытæй уæлæмæ, хæбуздзæф цæсгом, уызыны хъисты хуызæн цыбыр æлвыд дæрзæг сæрыхъуынтæ алырдæм ныццыргъ сты; фындзы бын иуырдæм дæр æмæ иннæрдæм дæр ныппака сты дыууæ цъылыны — рихитæ; бадгæ кæнид æмæ куы сыста, уæд цæййас уыдзæн уагæр.

Хæстæгдæр бацыдысты «универсалы» цурмæ. Згæйы тæпп ыл кæй никуы æрхæцыд, уымæй бæрæг у — тæккæ знон дæр ма кусгæ кодта.

— Куыд аирвæзт ныронг, сæ мыггаг раджы куы сыскъуыди, уæд? Ивæн хай йын уæд та нæ хъæуы ауал азы?

— Æмæ нæм кæцы станок нæй, ахæм куы нæ разындзæн, уæд ивæн хай цастæ зын у. Йæ цилиндртæн тæрсæм æрмæст æмæ сын нырма ницы у — хъæбæр дæсны уыд сæ джиппыуадзæг, баихсийæн сын нæй; ахæм æндон ныртæккæ нал ссардзынæ.

— Нæ мæ бауырныдтаид, мæхи цæстæй йæ куы нæ уынин, уæд,— йæ сæр нынкъуыста Стыр Хицау.

— Йæ артаджы хардзыйас нал уыдзæн йæ æфтиаг,— бафиппайдта обкомы секретарь.

— Æфтиагыл нæ цæуы ныхас — йæ куыстмæ чи цавæр цæстæй кæсы, ууыл, æндæр æй æз дæр «К-700»-имæ абаринаг нæ дæн, мыййаг.

Мухары зæрдæмæ фæцыд Стыр Хицауы ныхас, раст йæхи æмхуызон зондыл лæуд у. Бригад ын цы бон бафæдзæхстой, уыцы бонæй фæстæмæ йæм рæстæгмарæн куыст чи кодта, ахæмтæ бирæ никуы бафæстиат сты: бонасадæныл йæхæдæг дæр нæ сахуыр, иннæтæн дæр æй никуы ныббарста.

— Мæ зæрдæ уыл худы,— разылд Стыр Хицау обкомы секретармæ. — Ахæм бригад дæм уæд æмæ йæ æгас Ирыстонæн дæр ма бафæзмын кæн. Æниу Ирыстон цы хонын — æгас Уæрæсейæн! Айдагъ «универсал» дæр бирæ цæуылдæрты дзурæг у, фæлæ уый кой нал кæнын. Дыууæ æмгъуыды — хъусыс, дыууæ æмгъуыды! — кусы алы трактор дæр. Уæд ма уымæй бæллиццагдæр æмæ фæзминагдæр цы уа?

— Дæ уайдзæфтæ раст сты, фæлæ, æнхъæлыс, нæ архайæм? Мæнæ сæхæдæг æвдисæн — цал æмæ цал хатты сæм æрбакодтам фенынмæ, базонынмæ иннæ хæдзарæдты механизаторты, уæдæ раззагдæрты æмбырды дæр фыццаг ныхасы бар адонæн вæййы.

— Уырны мæ, уырны, фæлæ иннæтæм уæд афтæ цæуылнæ у? Газет, радио, телевизор хуыздæр кæй тыххæй хъуамæ радзурой? Стæй иумæйаг ныхæстæй нæ, фæлæ бæстон, лæмбынæг.

— Азазеллойы[1] хос йеддæмæ сын хос нæй,— мæстыхуызæй йæ ныхас æрбаппæрста Бæдæс; уæдæй нырмæ дæр æй йе ’взаг хæры, фæлæ йын фадат нæ уыдис, ныр йæхи нал баурæдта.

— Кæмæн? — нæ йæ бамбæрста Стыр Хицау.

— Уацхæсджытæн.

— Уагæр сæм цæуыл афтæ фыдæх дæ?

— Хъæугæ сын кæны. Уымæ йеддæмæ сын никæмæ разындзæн хос.

— Заманхъулы моллойæ зæгъыс æви? — афарста йæ Мухар.

— Ха! Заманхъулы молло... Дæ мад æмæ дæ фыд дæ скъоламæ тыххæй куы тардтой, уæд æнхъæлдтай — доны дæ æппарынц. Ахуыр хъуыди, ахуыр, бæрæзеты æхсæн тамако дымыны бæсты, æмæ уæд ныр ахæм æнæфенд фæрстытæ нæ кæнис. Заманхъулы молло, дам...

— Цæй, ды дæр мæлæты ахуыртæ куы кодтаис, уæд мæ фарсмæ æфсæйнæгтимæ нæ хъуырдухæн кæнис.

— Чи — æз? Кæд ма æз нæ кодтон ахуыр — алы къласы дæр дыууæ азы.

Иууылдæр ныххудтысты. Уæлдай зæрдиагдæрæй худтис обкомы секретарь: æгайтма Бæдæсмæ хъусыныл фесты æмæ Стыр Хицау адæмы æхсæн дарддæр нæ ахæццæ кодта йæ дæрзæг æфхæрæнтæ.

— Кæй кой кæны? — афарста Мухары.

— Мæгъа, ницы йын æмбарын æз дæр сымахæй уæлдай. Йæ нозт куы ныууагъта, уæдæй фæстæмæ йæ Хуыцау чингуытæ кæсыныл сбаста æмæ нæ ныр донмæ тæры æмæ фæстæмæ дойныйæ здахы.

— Цы хоныс, цы уый, кæй хос æй схуыдтай? — æцæг бацымыдис Стыр Хицау.

Уæдмæ Бæдæс тракторимæ архайд фæцис, фæскъауы тыхтонæй йæ чъиллон къухтæ сæрфгæ уырдыг слæууыд; ронбасты онг йеддæмæ йын нæ уыд «универсалы» рагъ.

— Азазелойы хос. Æрмæст карчы бæсты гогыз.

— Æмæ ам тыгъд быдыры кæм ссардзынæ гогыз? — къахы йæ Мухар.

— Заретæйы кæркдоны. Дæгъæл йæ дзыппы дары æдзух æмæ йыл нæ фæхæст уыдзынæ, фæлæ куы æрталынг уа, уæд кæркдоны рудзынджы авгæн раппарæн ис.

— Махоны кой кæны,— бахудт Мухар. — Уæллæй, нæ зонын, дæуыйас лæг кæркдоны рудзынгыл бахизынæн исты бакæна — æгæр къуындæг уыдзæн. Уæд дæ кæркдоны рудзынгимæ иумæ къулæн йæ æмбис дæр ма райхалын бахъæудзæн.

— Ха! Уæллæй, ды дæр мæм уыцы уацхæсджытæй зондджындæр нæ кæсыс. Мидæмæ хизын дзы цæмæн хъæуы? Иугæр авг æнæуынæрæй куы рафтауай, уæд дарддæр æнцон у. Æфтуанхъæд тæккæ рудзынгмæ хæццæ кæны. Кæронæй æдзухдæр бады нæл гогыз. Дæ къух бакæн æмæ йæ райс. Йæ фарсмæ чи бада, уый йын йæ бынат бацахсдзæн. Уый дæр та райс æмæ æртыккаг æрбабаддзæн. Афтæ иууылдæр. Иу мидæмæ хизын дæр дзы нæ хъæуы.

— Уазджытæ хæрзаг ма зæгъой, бйрæ гогыз фæдавтай.

— Уазджытæ кæд хъазæн ныхас не ’мбарынц, уæд...

— Гъы, гъы, райстай гогызтæ. Дарддæр та? — бацымыдис сты хъусджытæ’.

— О, хосы тыххæй йæ радзырдтон. Нæл гогыз æгæр уæззау уыдзæн, фæлæ сылтæн сæ хъомылдæртæй иу равзар, иннæты фæстæмæ рудзынгæй мидæмæ баппар, науæд ныххæлæттаг уыдзысты талынджы, дзæгъæл куыдз бамбæлын дæр зоны. О, рудзынджы авг сæвæрын дæр ма ферох кæн, дыккаг бон Заретæ куыннæ фæфæдис уа, афтæ.

— Сыл гогыз æвгъау нæу?

— Ма йыл ауæрд, сæргæвд æй. Куыд æмбæлы, афтæ йæ ныттон, ныссыгъдæг кæн æмæ йæ уæларт бавæр, къуыдыр фых æй скæн. Æрмæст, хъусыс, хæрзфых, куыд æрфæлмæн уа, афтæ, æцæг ын йæ дзидза стæгæй фæхицæны онг ма бауадз, кæннод нал сбæздзæн. Фыцынхъуагæй та æгæр хъæбæр уыдзæн æмæ дзы цардæн дæр тас у. Цæй, амонын дын хъæуы исты, мыййаг: куыддæр йе сгуыйы цъар фæхъæн уа, афтæ рæвдз уыдзæн. Тæвдæй уый бæрц хæрзад нæу æмæ йæ æруазал бауадз, æцæг уал ын раздæр ставдгомау карст нуры дудгæимæ æмæ бырцимæ æмхæццæйæ ныннæм йæ хуылфы, сæ ад дзы дзæбæх куыд ахъара, афтæ. Куы æруазал уа, уæд ын йæ иу сгуы ратон æмæ йæ бахæр, йæхи йын уазалгæнæны бафснай.

— Кæдмæ?

— Цалынмæ уацхæссæг фæзына, уæдмæ.

— Æмæ ацы тæвды нæ фесæфдзæн дæ гогыз?

— Ницы йын у — къуырй фæлæудзæн уазалгæнæны. Къуырийы бонмæ та уацхæссæгæн кæнæ къамисæгæн æнæ фæзынгæ нæй — йе районы газетæй, йе радиойæ, йе «Рæстдзинадæй», йе Мæскуыйæ. Æмæ куыддæр фæзына, афтæ дæ гогыз райс уазалгæнæнæй — æрмæст æм ардыгæй уæдмæ мачи бавналæд. Исгæ та йæ куыд хъуамæ ракæнай?

Мухары уæхсчытæ базмæлдысты, мæгъа, зæгъгæ.

— Ай æппын куы ницуал æмбарыс, мæ лымæн. Йе сгуыйыл ын æрхæц, æндæр куыд. О, æмæ йæ дæ къухы куы фена уацхæссæг, уæд банхъæлдзæн, уымæн æй æрцæттæ кодтай. О, о, йæ диссаг дæр уый мидæг ис — куыд ницæуыл фæгуырысхо уа, афтæ йæм дæхи хæстæг байс æмæ гогызæй — х-х-хафт бæрзæйæн! — йæ къуыдыр дард куыд атæха, сгуы та дæ къухы куыд аззайа, афтæ. Куы дын загътон — хæрзфыхæй дзы йæ цардæн тас нæу, уыйхыгъд цалынмæ сгуы хæрд фæуай, уæдмæ уацхæссæг дæр æрчъиццзæн, йæ зонд йæ гаччы абаддзæн æмæ кæд æнæхъуаджы дзæнгæдайы бæсты хъуыддаджы ныхасмæ бавналид. Æндæр уый куыд у, исчидæр ма ахæм æдылы ныхæстæ фыссы: хæрзкъаннæг лæппуйæ, дам, гогызы цъиутæ Хуымæллæджыдоны былмæ куы тардта хизынмæ Мухар, уæд, дам, уым федта, трактормæ куыд зылдысты, уый, æмæ йæм уæд сæвзæрди тракторыл сбадыны бæллиц. Мард йæ къонайы бацыд, æз тракторыл куы базæронд дæн æмæ йæ донмæ цал хатты батардтон, уал хатты мын масты хос куы фæцис, дон бабын кодтай, зæгъгæ, уæд уый æппæлинаг у? Стæй, мард йæ къонайы бацыд, хъæуы кæронæй хъæуы астæумæ гогызы цъиутæ кæдæм доныбылмæ скъæрыс, гогыз донæй дæрдты куы лидзы æмæ адæмæн æмбисондæн хъæугæроны хиз куы баззади, уæд! Æнхъæлут, дзæгъæлы йын йæ бæрзæйыл цæвын æз гогызы мард? — йæ ныхас балхынцъ кодта Бæдæс.

Зæрдиагæй фæхудтысты йæ таурæгътыл.

— Уæ цæрæнбон бирæ, Зилгæ,— раарфæ кодта Стыр Хицау. — Цытæ федтон, уыдæттæй дæр æмæ уæ таурæгъæй дæр мæ сагъæстæ айрох сты иучысыл. Ныр та уæ мæ æххуыс кæцырдыгæй хъæуы, уый зæгъут.

Мухар Бæдæсмæ бакаст, Бæдæс — Мухармæ, аивæй йын цыдæр ацамыдта галиу къухы амонæн æнгуылдз кардæй гæбазгай лыггæнæгау, стæй цæстæнгасæй дæр бамбарын кодта: ды йæ зæгъ, дæумæ хуыздæр байхъусдзæн. Уыцы фæсномыг амындтытæ аив нæ фæкастысты Мухарбегмæ æмæ йæ комкоммæ бафарста:

— Зæгъон æй?

— Зæгъ, уæдæ ма йæ хуыздæр кæмæн зæгъдзынæ.

— Иунæг хорзæх йеддæмæ ницы хъæуы мах,— арф ныуулæфыд æмæ ныхъхъус Мухар.

— Дзур, дзур, æфсæрмыйагæй дзы ницы ис,— фæныфсджын æй кодта Стыр Хицау.

— Кæд гæнæн ис, уæд иу æххормаг аз рауадзут.

Йæ хъустыл нæ баууæндыд Стыр Хицау æмæ йæ ногæй афарста:

— Цы? Цы?

— Æххормаг аз.

— Тынг æй мысыс æххормаг аз? — фæтар Стыр Хицауы цæсгом. Цыфæнды курдиат дæр уæд, фæлæ уый фехъусын æнхъæлмæ нæ каст. Хынджылæг кæна æви сæрæй хъуаг у? Æмæ йе ууæлтæ дæр æмæ йæ ныхас дæр зондцухы æнгæс куы нæ сты.

— Æмбарын æй, мæ ныхас дын фæхъыг æмæ дæм æдылы кæсы, уый. Фæлæ лæгæн йæ фыдæбон сæфты куы уа, уæд йæ зæрдæ сæтгæ. кæны. Æмбарын, йæ адæмы гуыбын бафсадыныл паддзахад цы хъуырдухæн æвзары, уый дæр. Æмæ марадз æмæ бавзар æфсæст адæймаджы бафсадын. Æрдзæн та амонын ницы хъæуы: алы фæлтæрæн дæр æххормаг аз дзæгъæлы нæ æвзарын кодта. Уымæн æмæ йæ йæхиуыл чи нæ бавзара, уымæ нæ бахъардзæн. Мæнæй уын хуыздæр хъуыстгонд уыдзысты: нæуæдз æртыккæгæм аз, дыууын фыццæгæм, æртын æртыккæгæм, цыппор æхсæзæм. Æнæхъæн æнусы дæргъы кæцы фæлтæр аирвæзт æххормаг азæй? Æрмæст хæсты фæстæ чи райгуырд, уыдон. Хоры фыдæбон кæмæ нæ хъары, уый адæймаг адæймаг цæмæй у, уыцы миниуджытæй се ’ппæтæй æххæст никуы разындзæн.

— Худæн дæр сыл нæй,— нал та фæлæууыд Бæдæс. — Сæ мадæлты æрмæст сæхи фидауцы мæт ис æмæ дзидзийы бæсты хъуджы æхсырæй хæссынц сæ цоты.

— Хъазынмæ ма здах алцы,— фæтызмæг æм Мухар.

— Хъазынмæ! Хорз хъазт нæу уый. Фарон нæм студентты нартхор æхсæдынмæ куы æрластой, уæд сын сæ хæринаггæнæгмæ нæ кастæ? Йæ разы стыр къæртайы дзаг картоф, афтæмæй йын дзы стыгъдæй хъæрмхуыпхæрæн къусы дзаг нал æрæвзæрд; картоф бахсæдыны бæсты йæ дзуллыггæнæн фæйнæгыл æрæвæры, нымадæй йыл æхсæз хатты æруадзы кард,— фыййаджыйас армытъæпæныл дæргъмæ æмæ цæхгæрмæ лыггæнæгау ацамыдта Бæдæс: — цъыкк, цъыкк, цъыкк — æмæ цæттæ у, картофæн йæ фылдæр ахауди. Худæн дæр ыл нæй — йæ хæдзары цы уыны, уый кæны.

— Уыдæттæ мæ цæстыл куы ауайынц, уæд мæм фæсмон æрцæуы: цымæ цæуыл у мæ бирæ фыдæбон? — йæ сæр дæлиау æруагъта Мухар.

— Фæсмойнагæй дзы ницы ис,— йæ уæхск ын æрхоста Стыр Хицау. — Æххормаг азы бæсты фæлтау хуыздæр исты æрхъуыды кæндзыстæм.

Бæдæс «универсалы» цур лæугæ баззади, Мухар та уазджыты фæдыл машинæты онг рацыд. Бабадыны размæ йæм Стыр Хицау йæ къух бадардта:

— Куыд кæсын, афтæмæй дæм дæ æгæр æргом ныхасы тыххæй не ’рхауди ныронг Хъæбатыры ном.

РАДЗЫРДТÆ

Донабузæны фынтæ

Зылынхъуаг лæппуйæ дæр нæ уыдысты Джабраилы къæхтæ, ныр бынтон фæдыууæрдæм сты, зулдзых дыууæ файнусты мæрддзыгойы æхсæн адæмы æфсæрмæй æнæбары фæрсæй-фæрстæм куы цæуой, кæсгæ та фæйнæрдæм куы кæной, уыйау. Æмæ йæ уыцы зылынæй дæр нырма хорз хæссынц размæ, кæд сæ айст фæуæзбын, уæддæр. Ныр æм чи бакæса, уыдонæй кæцыйы бауырндзæн, йæ заманы йæ Дзгойты нуарджын Æхсарбег асырдта тыгъд быдыры æмæ йæ кæй нæ баййæфта. Рæстæг, рæстæг, йæ мард фесæфа, уастæн...

Æстæмтæ фæдæн æви фарæстæмтæ уыцы сæрд! Зын æрхъуыдыгæнæн у — дыууæ сæрды дæр быдыры бакуыстон. Фæлварæнты фæстæ къуыри дæр мæ фæллад нæма суагътон, афтæ мæм нæ сыхаг изæргæрæтты уынгæй æрбахъæр кодта. Ракастæн æм.

— Мидæмæ, Али.

— Мидæмæ нæ цæуын, иугыццыл мæ демæ ныхас ис.

Хæрисы бын тъæпæн дурыл æрбадт, нымæтхуд йæ сæрæй систа, цыппар дыдагъæй йæ уæрагыл æрæвæрдта æмæ цыбыр æлвыд бецыккыл армытъæпæнæй хæрдмæ схæцыд.

— Фу-ф! Ахæм ма æнуд уа!

Уынджы дæлæрдæм дæр акаст æмæ уæлæрдæм дæр. Цъиузмæлæг никæцæй зынди. Цымæ мын цавæр сусæг хабар зæгъинаг уа?

Æз дæр йæ цуры дзудздзæджы æрбадтæн.

— Цæй, куыд у, нæма фесты дæ фæлварæнтæ?

— Куыннæ — ахицæн сæ кодтон.

— Æмæ куыд у — сфæрæзтай?

— Сфæрæзтон.

— Хорз у, хорз у. Ахуырæй хуыздæр ницы ис,— æмæ арф ныуулæфыд.

Цал æмæ цал хатты фехъуыстон уыцы ныхæстæ скъолайы æмæ хæдзары, уæддæр мæм никуы бахъардтой. Уæдæ мæ галиуырдæм дæр куыд хъуамæ сардыдтаиккой, ахуыр æвзæр у мын куыд хъуамæ загътаиккой? Сæ хæс цы уыди, уый дзырдтой. Æцæг æй Алийæ куыд фехъуыстон, афтæ зæрдиагæй — никуы æмæ никæмæй. Йæхицæн кæй нæ бантыст, æвæццæгæн, уымæ гæсгæ. Ноджы ма мæм.цыдæр хæлæгхуыз фæкаст йæ ныхас.


Просмотров 966

Эта страница нарушает авторские права



allrefrs.ru - 2023 год. Все права принадлежат их авторам!