Главная Обратная связь Поможем написать вашу работу!

Дисциплины:

Архитектура (936)
Биология (6393)
География (744)
История (25)
Компьютеры (1497)
Кулинария (2184)
Культура (3938)
Литература (5778)
Математика (5918)
Медицина (9278)
Механика (2776)
Образование (13883)
Политика (26404)
Правоведение (321)
Психология (56518)
Религия (1833)
Социология (23400)
Спорт (2350)
Строительство (17942)
Технология (5741)
Транспорт (14634)
Физика (1043)
Философия (440)
Финансы (17336)
Химия (4931)
Экология (6055)
Экономика (9200)
Электроника (7621)






Цæлыкмæ фæндаг 28 часть



Нæй, банцайыны фæнд нæй къæвдамæ: тæдзынджытæ куы цыхцырæй ныллæууынц, куы цъыкк-цъыкмæ рахизынц. Худы счъилтæй дон лæдæрсы къæбутмæ æмæ дарддæр, уазал хъыдзыимæ астæуыхъæдыл бынмæ хилы. Ныддонласт пæлæз дæр, дон бахъардта суанг буармæ, уæхсчытæм, фæсонтæм, дарæс æнахуыр уæззау æрцис, уæхсчытыл бынмæ хæцы æмæ хæцы, цыма кæм лæууын, уым мæ цъыфы æрбадынгæнинаг у, уыйау.

Уæ, Хуыцау, кæд мын ацы хабар бавзаринаг у, уæд-иу дзæбæх бон скæнæд, зæгъгæ, дæм куы фæкуывтон, уæд мын дæ цæст цæуылнæ бауарзта? Сайыс. Дæ фыццаг куывд Бабуйы мын мæ фæстæ ма ныууадз уыди. Æмæ фехъуыст Хуыцаумæ. Ныр ма дын æххæст райдзаст бон куы ратта, уæд æгæр уаид. Хæрзаг загъта Хуыцау: цæст дын фаг у, æнæ æрфыгæй дæр бафæраздзынæ.

— Рухсаг уæд дæ мад...

— Рухсаг уæд Душинка...

Бон сихормæ куыд хæстæгдæр кæны, афтæ мæрддзыгойтæ сарæх сты: иутæ нæма алæууынц, афтæ иннæтæ æрбалæууынц. Æмбарын æй: фæстиæттæгæнгæ цыдаиккой ацы къæвдайы, æмæ худæн дæр никæуыл ис — уæртæ дæргъæйдæргъмæ сарайы бын фезмæлæн нал ис, уынджы дæр нал цæуынц адæм æмæ, уæлдай нын нал у, зæгъгæ, уарынмæ лæууынц къордтæ-иугæйттæй. Ноджы ма — нæй, бæргæ мæхи хъардтон, фæлæ не сравдз ног хæдзар — сылгоймæгтæ дыууæ къуындæггомау уаты нал цæуынц, æмæ мард сарамæ рахастой, бынтон дзы нал фезмæлдзынæ, кæрæдзийы къæбуттыл æндзæвгæ лæууынц адæм, рæбинаг сара та æфсинтæй не ’вдæлы.



Уæллагирæй æрбахæццæ Корæ, дардæй хъарæггæнгæ æмæ йæ сæр тымбылкъухæй хойгæ æрбацæуы. Уæды онг кæм æрлæууыдтæн, уырдыгæй нæ фенкъуыстæн, ныр мæхи нал баурæдтон æмæ мæ развæндаг дæр нæ уыдтон, афтæмæй йæ размæ уынджы астæумæ рацыдтæн; æмбарын æй — нæлгоймагæн афтæтæ нæ фидауы,— уæддæр ыл мæхи баппæрстон:

— Уæ, мæ иунæг фыдыхо, дæумæ йеддæмæ кæмæ бакъултæ кæнон, уый мын куы нал ис! Цæссыгхъуагæй мын мæрдтæм ма бауадз Бабуйы! Кæрæдзийыл æрхъæцмæ куы нæ хъæцыдыстут, уæд ма-иу ныр кæмæ æрбауайдзынæ дæ цæгатмæ?!

Цæй адджын у, цæй хорз у зæрдæйы дæнгæлтæ цæссыгæй суадзын.



— Мæрддзыгойы адæм! Хæстæгдæр æрбалæуут æмæ зианæн фæндараст зæгъæм! — кæрты дуары цурæй ахъæр кодта Рамазан.

Адæм æрбамбырд сты. Рамазан сылгоймæгтæм сдзырдта:

— Уæ хорзæхæй, фæсабыр ут æмæ æддæдæр алæуут, мардæн нæ æгъдау дæттын бауадзут. Тæригъæд сты адæм ацы уарынмæ.

Банцайыны бæрц нæ, фæлæ зына-нæзына фæмынæгдæр къæвда æмæ бон фæрайдзаст. Кæуылты парахат у кæрт, уæддæр дзы мæрддзыгой нæ бацæудзысты æмæ сынт уынгмæ рахастой.

Сынты уæлхъус æрлæууыд Бæтæгаты Хæдзымуссæ, зианы дæр æмæ цины дæр хъæубæстæн агуырд хистæр, уый æдде ма мæнæн та ме стыр мадырвад.

— Хъыггæнæг адæм, Душинка рухсаг уæд. Сывæллон чызгæй æрцыд Хæблиаты хæдзармæ æмæ дзы абоны онг йæ къах никæдæмуал авæрдта. Мæлыны зæронд бæргæ нæма уыди, фæлæ адзал куы æрбалæууы, уæд афон æмæ æнафонæй никæйуал бафæрсы. Хуыздæр амонды аккаг бæргæ уыди, æмæ амæндтæгæнæджы уынаффæйы ныхмæ æрлæууын никæй бон у. Уæхæдæг æй зонут, мæнæ хорз адæм: хæрзæвзонгæй баззад сидзæргæсæй зыбыты иунæг сабийæн æмæ йæ фырты дæр адæмы рæнхъмæ ракодта, йæхиуыл дæр ницы къæм абадын бауагъта, уæззау фыдæбон фæкодта цард-цæрæнбон. А, ныр мæ сидзæргæсы тухитæ ахицæн сты, куы загътай, Душинка, уæд та иуы бæсты дыууæ æнахъом сидзæры баззадысты дзидзидайæ де ’вджид æмæ сæ ныййарæг мадæй буцдæрæй фæхастай æмæ сæ дæ фыдæбæттæ рох куыннæ уой, уыцы хъару сын Хуыцау раттæд æмæ сыл рæстаудæн кæн дзæнæты бæстæйæ. Душинка зæды хуызæн фæлмæн æмæ сыгъдæг сылгоймаг кæй уыдис, уый тыххæй йæ канд йæхи сыхы нæ, фæлæ суанг уæлæсыхтæм æмæ дæлæсыхтæм агуырдтой цины кæнæ зианы уæларынг æрлæууынмæ. Æрмæст мæнæн мæхи хæдзарвæндаджы зиантæй цалыл бафыдæбон кодта, уый æгæр бирæ дæр ма у. Æфстау уыдысты йæ фыдæбæттæ æмæ абон мæнæ алчи йæ уæлхъус æрбалæууыди сæ бафидынмæ, ацы æнамонд къæвда дæр никæй баурæдта. Хæрзаудæн уе ’ппæтыл дæр кæнæд, цы дунемæ цæуы, уырдыгæй. Йæ уæлион царды сагъæс æдзух уыди: адæм цы зæгъдзысты, адæм цы ахъуыды кæндзысты?



Стæй-ма: Хуыцауы зæрдæмæ нæ фæцæудзæн, Хуыцауы раз тæригъæд уыдзæн, Хуыцаумæ дæр раст нæ фæкæсдзæн. Афтæ арвыста йæ цард — адæмы æфсæрмы æмæ Хуыцауы зæрдæхудты æхсæн; йæхи уды кой никуы бакодта, мæхицæн æнцой уа никуы загъта. Кæд дæ, мыййаг, Душинка, фаг нæ бабуц кодтам дæ уæлион царды дæр æмæ дæ фæндараст зæгъыны бон дæр, уæддæр хъаст ма ахæсс демæ. Уыйхыгъд дын мæрдты Барастыр сыгъдæджытимæ скæнæд дæ бынат. Мæнæ хорз адæм, сымахæн та уе ’ппæтæн дæр уæ цæрæнбон бирæ уæд. Абон уæ алчи йæ фæрныг хæдзар ныууагъта æмæ Хæблиаты. хæдзармæ æгъдау раттынмæ æрбацыд æмæ Дунедарæг цытджын Хуыцау алкæмæн дæр мæ бæсты арфæгæнæг уæд! Зианæй амондджын нæ вæййы, фæлæ Душинкайы Хуыцау ахæм амондджын зиан фæкæнæд, æмæ абонæй фæстæмæ кæрæдзи хæдзæрттæм бирæ азты дæргъы æрмæст цины хабæрттæм куыд фæцæуæм. Кæд уæ искæй хæдзары рынчын ис, уæд æй дзæбæхæй куыд баййафат, бæлццонмæ чи ’нхъæлмæ кæсы, уымæн та йæ бæлццон сæрæгас æмæ æнæнизæй куыд сæмбæла хæдзарыл, ахæм хорзæх уын Хуыцауы цæст бауарзæд. Сылгоймæгтæ, уæлдай арфæтæ та сымахæн æмбæлы: сымах сфидауын кæнут нæ зиан цæссыгæй, нæ цин та цинæй æмæ уыл æдзухдæр цины бонтæ цæуæд, уæ кæстæртæй кæддæриддæр зæрдæрухс куыд уат, уыцы хорзæхæй хайджын ут. Ныр фæндараст у, Душинка, нал дæ уромæм: бон цыбыр у, дæ фæндаг та — даргъ,— сынтыл йæ къух æрæвæрдта Хадзымуссæ.

Сылгоймæгтæ ногæй ныккуыдтой. Мæхи ныхъхъæддых кодтон, мæ хæкъуырцц бауромыныл арахайын — æмбарын æй: аив нæу,— уæддæр æй мæ бон бауромын нæу; хорз æмæ хъуысгæ нæ кæны, фæлæ æххæстæй сулæфын нæ фæразын, æрдæгулæфтæй хъуыр ахгæны æмæ та уæхсчытæ дæр фесхъиуынц. Мæ алыварс никæй уынын; Бабуйы сынтыл куы рахастой æмæ йæ фæндарасты арфæмæ куы æрæвæрдтой, уæдæй фæстæмæ хæрдмæ нал скастæн, суанг ма Хадзымуссæйы дæр хъусгæ цы кодтон, æндæр уынгæ — нæ.

— Мыггаджы номæй зæгъдзæн Алимырза.

— Æрцæуæг адæм, уе ’ппæтыл дæр Хуыцауы салам сæмбæлæд. Фыдæй фыртмæ Ирыстоны ахæм æгъдау нæ уыд, æмæ зианджын мыггаг сынтыл схæца æмæ йæ уæлмæрдмæ фæхæсса: адæм æй айсынц сæхимæ, адæм раттынц æгъдау. Сымах дæр, хур-къæвда нæ банымадтат, афтæмæй нæ уæлхъус æрбалæууыдыстут, нæ буцгæнинаг уæздан чындзы нын бабуц кодтат æмæ дунейы фарнæй буцгонд ут! Мæ худæй мыл бæрзонддæр ницы ис æмæ уын мæ худ мæ сæрæй исын æмæ ныллæг кувын. Душинка рухсаг уæд, Хæблиатæн та Хуыцау ахæм амонд раттæд, æмæ уын ацы фыдæбон хорз хабæртты мидæг куыд бафидæм. Ныр зианæн фæндараст зæгъыны размæ хъæубæсты дæр æмæ æрцæуæг адæмы дæр фæрсын: мыййаг, искæмæй æфстау дардта Душинка, афтæмæй цæуы? Нæ фыдæлтæ хæсджынæй никæй уагътой мæрдты бæстæм, дыууиссæдзæм бонмæ куы нæ бафта къухы, уæддæр æй афæдзы бонмæ фыстой. Зæгъут сымах дæр, æфсæрмыйаг нæу: кæд искæмæй исты дары, уæд æй уадз æмæ хæдзарвæндаг дæр зоной æмæ мыггаг дæр, удыбæстæйæн æй куыд бафидой, афтæ.

Алимырза исдуг банхъæлмæ каст æмæ куы ничи ницы сдзырдта, уæд йæ ныхас дарддæр ахæццæ кодта:

— Никæмæй ницы дардта, уый æгъгъæд нæма у. Кæд ын, мыййаг, йæхицæй исчи исты дары, уæд æй зæгъæд, ма йæ басусæг кæнæд.

Банхъæлмæ та каст æмæ та дзуапдæттæг нæ разынд.

— Кæрон кæмæн нæй, уыцы дунемæ фæцæуыс, нæ уæздан æмæ фæлмæн чындз, æмæ дæ кæд, мыййаг, фаг нæ бабуц кодтам фæндагмæ, уæддæр нæ мацы хъаст ахæсс. Дæ мад, дæ фыды, де ’фсымæрты, дæ хицау æмæ де ’фсины, дæ мой æмæ дæ гыццыл чызджы, дæ тиуты дзæнæты куыд баййафай æмæ дын сæ фарсмæ рæсугъд бынат куыд скæной, ахæм арфæ дæ уæд! Нæхи Ефæнды куы амарди, уæд йæ фæстæ æртæ азы дæргъы уæлмæрдты ингæн къахын нал бахъуыди, æмæ дæ зиан Ефæндыйы зианæй амондджындæр разынæд, æмæ атæппæт адæмыл се ’ппæтыл дæр рæстаудæн кæн! — сынтыл йæ къух æрæвæрдта Алимырза æмæ йæ цæссыг гæр-гæрæй æркалди, хъæрæй ныккуыдта.

Хъæлæсыдзагæй ныббогъ-богъ кодтон æз дæр æмæ сынтыл дыууæ къухæй ныддæвдæг дæн. Фæстаг цæссыг æркалдтой, мардыл сæ къух æрæвæрдтой мыггаг æмæ хиуæттæ.

Сынтыл схæцыдысты, систой йæ æмæ Бабу йæ фæстаг фæндагыл арасти. Цыма бæрзæйы хъултæй иу систæуыд, уыйау суанг уæлмæрдмæ сæрыл хæрдмæ охæцын нал бафæрæзтон, мæ къæхты бынмæ кæсгæ фæцыдтæн сынты тæккæ фæстæ, кæм тæнæгдæр, кæм бæзджындæр цъыф змæнтгæ. Мардхæсджытæн дæр уæлдай нал у æмæ цасдæрæй-цасдæрмæ кæрæдзи ивгæ комкоммæ лæгæрдынц уынджы бæстастæу. Уæлмæрды къуыбырыл фæхæрд кодтой. Уæлмæрды дуар.

Фæстиат дæр нæ, иу дæр, афтæмæй марды фæдыл чи рацыд, уыдон иууылдæр араст сты уæлæ уæлиаугомау ногкъахт ингæны ’рдæм.

Кæддæр, незаманты, Яи мæ фыды ингæнмæ суанг нæ кæрты дуарæй мит хафгæ куы рараст, уæд уæлмæрды тæккæ бахизæны йæ фыййаг цы къæйдурыл банцой кодта, уымæн йæ кой дæр нал ис. Уæд ын ницыма æмбæрстон, къæй уым цæмæн æвæрд у, уымæн; фæстæдæр, мардмæ цæуынхъом куы фæдæн, æрмæст æй уæд базыдтон. Сынт чи хаста, уыдон-иу уæлмæрды дуарæй куы бахызтысты, уæд-иу æй уыцы къæйыл æрæвæрдтой, мæрддзыгой та дуары æдде æрлæууыдысты æмæиу молло дуа скодта, стæй уæд сынт систаиккой æмæ йæ цалынмæ ингæны цур æрæвæрой, уæдмæ мæрддзыгой дуары æдде æнхъæлмæ кастысты. Мард бафснайыны фæстæ та-иу мæрддзыгой иууылдæр цалынмæ уæлмæрды дуарæй рахизой, уæдмæ банхъæлмæ кастаид молло, ногæй дуа скодтаид æмæ æрмæст уый фæстæ рараст уыдаиккой адæм: чи мардæн рухсаг зæгъынмæ, чи — йæ хæдзармæ. Мысыкаты Мæхæмæты фæстæ — йæхи загъдау, цастæ молло уыди, фæлæ уæддæр пысылмон æгъдæуттæн цыдæртæ æмбæрста — дуа чи скæна, уый дæр нал ис æгас Зилгæйы æмæ ныр мæрддзыгой бахизæны нал бафæстаит вæййынц, уыцы æмгуылфæй — суанг ингæны онг; уæдæ фæстæмæ куы раздæхынц, уæд та чи раздæр, чи фæстæдæрæй ныххал вæййынц.

Сынт ингæны цур æрæвæрдтой. Бæгуы мæгуырыбон уыдаид райсомæй нырмæ ингæнкъахджытыл ацы уарыны. Фæлæ æфсарм домбай у: дзæбæх æй барæвдз кодтой, байбынимæ. Къæвда йæм къаддæр куыд хæццæ кæна, афтæ йыл целлофан дæр ма бæргæ æрытыдтой. Фæстаг хатт — цалынмæ цæрон, цалынмæ фале фембæлæм, уæдмæ зæрдыл бадарынæн — кæсын Бабуйы цæсгоммæ. Уалынмæ йын æрвгъуыз дари мæрддзагæй йæ цæсгом æрæмбæрзтой, йæ нывæрзæн хуымæллæгæй — базонын æй хъæудзæн: хуымæллæгæй цæмæн вæййы — баз, афтæмæй йæ сынтæй æд гауыз систой; Мырзаты Дзанте æмæ Борыхъуаты Рамазан сæ къурткæтæ феппæрстой — февналынмæ хуыздæр арæхсой,— ингæнмæ ныххызтысты æмæ Бабуйы хъавгæ æристой, хъавгæ йæ байбыны бавæрдтой йæ рахиз фарсыл, пысылмон æгъдаумæ гæсгæ баст къæхтæ суагътой; чидæр сæм ингæны сыджытæй. белы комыл бадардта, фæйнæ армыдзаджы дзы систой æмæ йæ мæрддзæгтыл сæрæй къæхты онг байзæрстой; стæй сæм уæд агуыридуртæ рæвдзго. мау дæттын байдыдтой æмæ уайтагъд байбын æхгæд фесты. Æгæр-мæгуыр дуры æмбис хъуаг кæнæ уæлдай нæ разынди Сосланы нымад.

Хуссарварсы рог сыджыт йæ хъæбысы æрбанорста Бабуйы...

Æппынфæстаг поезд фенкъуысын бафæрæзта æмæ стырындз. Фондз минуты хъуаг фараст. Бынты-быны æрæджы бацис, нал баййафдзыстæм автобус. Лæппыны уадулты туг ахъазыди хъарммæ. Хъæбæр бандоныл йæхицæн æнцад хуыссы сымсымгæнгæ, цыма йæ фæлмæн сынтæджы бафынæй, уый хуызæн. Æмæ, дам, мæстæй. ма атъæпп лас йæ мад æмæ йæ фыдмæ: иуы номыл сæ сыдзтæ бахуыдтой. Мырзаты Дабегка рухсаг уæд мæрдты бæстæйы: йæхицæй растдæр ничи загъта.

Æртæ æфсымæрæй цардысты нæ сыхы — Мысост, фæлæ йæ адæм иууылдæр Быдоттæй зыдтой; Джетæгъæз æмæ Дабегка. Хъæлдзæг пыррыкрихи зæронд лæгæй æрæййæфтон Быдотты: хъазаг, балалайкæйæ цæгъдаг; хæсты хæдфæстæ амарди. Джетæгъæз уæззаугомау зондыл хæст; куы нæ йæм сдзурай, уæд бон-изæрмæ йæ дзыхæй ныхас не схаудзæн. А Дабегка та Быдотты халдих — хъæлдзæг, æнæгæды, æргомдзырд; æфсымæрты быныл баззад.

Кæд æмæ кæд уыди хабар — уæддæр абон дæр ма мæ хъустыл уайынц йæ ныхæстæ. Быдотты фырт Мырзамæ æфсадмæ фæсидтысты, йæ бинойнаг Терезæ ног чындзæй баззад æфсинимæ. Хæдзар куадзæны æртæ чъирийы акодта æмæ се скувынмæ мыггаджы хистæры разæй кæмæ хъуамæ бадзырдтаиккой. Кæй йæм нырвитæм, зæгъгæ, Терезæ уынгмæ ракасти æмæ фыццагдæр æз фæдæн йæ размæ.

— Цом-ма мемæ, дæлæ мын зæронд лæгмæ бадзур æмæ нын нæ бæрæгбоны æртæ чъирийы акува.

— Æмæ кæм цæры, уый кæд нæ зоныс дæхæдæг, уæд дын æй ардыгæй бацамондзынæн.

Цæй амонинаг уыди — дыууæ хæдзары дæлдæр цардысты, фæлæ Терезæ хъазæн ныхасмæ æмхиц у — раст Мырзайы халдих: уæлæуыл куы нæ баиу уыдаиккой, уæддæр сын дæлæуыл æнæ баиугæнгæ нæ уыдаид — æмæ йын æз дæр хъазæн дзуапп радтон.

— Ма-ма хынджылæг кæн: уайсадгæ йæм кæнын æмæ йын гобиау къухæй амонон? — Терезæ дæр мемæ фæраст.

— Ды та ма дзы кæцырдыгæй хъæуыс?

— Мæгъа, мыййаг ын куы фæхъыг уа, кæйдæр лæппуйы мæм цæмæн æрæрвыстой, æви ног чындз дæр нанайы карæн у æмæ йæ къах айсын нал фæразы, зæгъгæ.

— Ау, цы хъыгаг у, фарон нæ Мырзатæ дæ чындзæхсæвмæ хонæг кæдæм нæ фервыстой æнæ Терезæ æмбалæй, Зилгæйы ахæм къуым куынæуал баззад.

— Чындзæхсæвмæ кæнæ куывдмæ хонæг æндæр хъуыддаг у. Фæлæ мыггаджы хистæрмæ куы дзурай, уæд ын хъуамæ хионтæй исчи бахойа йæ дуар.

— Уæллæй, дыккаджы нана рауади, дæ ныхæстæм гæсгæ, дæуæй дæр.

Ныхæстæгæнгæ ныххæпдæ стæм.

— Йæ, Дабегка! — армытъæпæнæй ныххостон кæрты дуар.

Йæхæдæг нæм ракастй: пыхцылæрфыг, цæсгом — булкъдаст, æрмæст фындзы бын цалдæр мæнгард æрдуйы — рихитæ схонæн сын нæй; къепкæ сæры тенкайыл фæстиау сагъд, галифейы фадгуыты æдде цыбырхъус цъындатæ булавкæтæй фидаргонд, къæхтыл — хæцъил дзабыртæ, урс кæддагæй хæдон хæлафы æддæты уагъд æмæ æвзист ронæй баст; бæрзондæй хъуаг нæу, фæлæ — гуыбынджын, æмæ цы у, уымæй ныллæгдæрæй зыны.

— Мæнæ йед... Нана Терезæйы рарвыста, Терезæ та мæнæн загъта... Мырза сæхимæ нæй æмæ... Сæ уæливыхтæ лæууынц æмæ, дам, сæ скувæд — æрхæц-схæцгæнгæ бамбарын кодтон нæ цыды сæр; цыма æнæрцæугæ диссæгтæ фехъусынмæ æнхъæлмæ кæсы, уыйау мын мæ дыууæ цæстмæ ныккомкоммæ æмæ мæ дзыхы ныхас рæстмæ нал бады.

— Чи — æз? Чи — Дабегка? Уæллæй, мæ мад-мæ фыдыстæн скувдзынæн! — уайтагъд фæраст нæ разæй. — Бæрæгбон у æмæ бæрæгбоны æртæ чъирийы скувынæй хуыздæр уæвгæ та цы ис. Чи — æз? Бæгуыдæр скувдзынæн! — Æрлæууыд æмæ махырдæм разылд; цыма йыл не ’ууæндæ®м, науæд та стыр æхсар равдисынмæ йæ ныфс бахаста, уыйау йæ рахиз къухы мучъа риуыгуыдыры фæсагъта: — Чи — Дабегка? Дабегка бирæ чъиритæ фæкуывта!

Æмæ та нæ разæй араст. Мырзаты дуармæ куы схæццæ стæм, уæд æз нæхирдæм фæзилынмæ хъавыдтæн, фæлæ мæм Терезæ къухæй ацамыдта æмæ мынæг хъæлæсæй, Дабегка куыд нæ фехъуса, афтæ сдзырдта:

— Рацу, æххæст ын «оммен» зæгъ æмæ уырдыг алæуу.

— Ох-хы! — банхъырдтæ мæ цæсгом.

Уырдыг лæууынæй фаг зæрдæцъæх дæн. Гæды нæ зæгъдзынæн: Дабегкайæн никуымæ лæууыдтæн, фæлæ нæ сыхы хистæртæй дыууæйæн фыдгул фæлæууæд уырдыгыстæг — чи сæ хæстæгдæр, чи дарддæр хион æййæфта, æмæ нæ хæдзармæ, стæй кæйфæнды хæдзармæ æрбафтыдысты, уæд фысымтыл мæгуырыбон кодта; иугæр фæйнæ цалдæры анызтой — æнæхъуаджы ныхас сыл бафтыдаид; æнафон бацис, бинонтæ фæлмæцгæ скодтой — сæ хъуыдыйы кæрон дæр нæ уыди; уæдæ сын «сыст æмæ ацу» дæр куыд зæгъдзынæ; сойын цырагъау — æз æд графин фынджы уæлхъус, мамæ та пецы æнцой — лæуу, дæ бынатæй ма фенкъуыс; ссæдзæм, дыу-уиссæдзæм хатт кæй райдыдта æмæ кæронмæ ахæццæ кæй нæ фæразы, уыцы расыг ныхасмæ хъус.

— Уæдæ æз æрлæууон графинимæ йæ цуры?! — сбустæ мыл кодта Терезæ æмæ мæнæн дæр ма æнæ баздæхгæ цы гæнæн уыди.

Уазал уæрмæй систой, æвæццæгæн, арахъ æмæ фынгыл куы алæууыди, уæд графин рахид, стъолæмбæрзæн йæ алыварс зиллакгондæй баумæл.

— Чындз, ахъармгæнгæ уыди арахъ.

Терезæйы цæсгом фырæфсæрмæй хъулон афæлдæхт, æрбауад æмæ графин адавынмæ хъавыди, фæлæ йæ Дабегка нæ бауагъта:

— Уадз æй ныр, æцæг-иу æй иннæ хатт зон. Чи — Дабегка? Дабегка сусæны мæй дæр арахъ хъармæй нуазаг у. Чи — æз!

Æртæ уæливыхы кæрæдзийæ фæиртæста æмæ сæ зæрдиагæй скуывта, æз ын «оммен, Хуыцау», загътон, ацахуыстон, уæливыхтæ æрлыг кодтон æмæ æд графин йæ цуры æрлæууыдтæн.

Скъаппы сæрæй къуырф тæбæгъы мидæг къуыдырфых карк æнæхъæнæй æрæвæрдта Терезæ фынгыл, æмæ та уайдзæфы хай бацис.

— Искуыдæр-ма карк æд цъупп æрæвæрдæуыд фынгыл? — йæ сæр ныттылдта Дабегка.

Сыкъахъæд хæрынкъа систа йæ дзыппæй, армытъæпæныл æй дыууæрдæм адаудта, карчы цъупп слыг кодта æмæ йæ, фынгыл куы æрбадт, уæдæй фæстæмæ хуырхуыргæнгæ æмæ къæдзил æнхъæлмæгæсæг бæрзонд истæй йæ къæхтыл йæхи дыууæрдæм чи рахаф-бахаф кодта, уыцы хъуылон гæдыйæн аппæрста. Уый дæр æм фæлæбурдта æмæ йæ цъынддзастæй — Хуыцау дын ахæм хорз ракæна — сынтæджы бынмæ бадавта æмæ уайтагъд йæ мыртт-мыртт уырдыгæй райхъуыст.

Карчы сгуы æд базыг стыдта Дабегка æмæ йæ аходæггаг карстимæ мæнмæ æрбадардта.

— Нæ мæ хъæуы,— ныууæздан кодтон мæхи.

Ныр мæ хъæугæ та куыннæ кодта замманайы лæппæг уæливых, а сгуыйы тыххæй ницуал зæгъын.

— Гъæтт, хæрæджы къæлæу, ничи йæм хъусы — нæ, дам, мæ хъæуы! Искуыдæр ма афтæ загъдæуыди аходæггагæй? Куы нæ дын æй дæттой, уæддæр æй тыххæй байс. Æрæвæр дæ графин æмæ рæвдз ахæр, дæумæ кæсын æз.

Æрдæгæууылд-æрдæгæхсыдæй уайтагъд фæдæле сты æмæ та графин мæ къухмæ райстон.

Нана ацыд æмæ йæхи нал æрбавдыста; Терезæ та зноны хаст ног чындзау къуымы лæууы æдзæмæй. Хъыг дæр ын куыннæ уыдаиккой зæронды уайдзæфтæ, фæлæ цы йæ бон у?


Просмотров 658

Эта страница нарушает авторские права




allrefrs.ru - 2021 год. Все права принадлежат их авторам!