![]() Дисциплины:
Архитектура (936) ![]()
|
Цæлыкмæ фæндаг 20 часть
Токон хъæццулы уæлæ æрæвæрдта къаба æмæ тыхтонæй систа уæхскбосджын цикъæ мидæггаг хæдон. —.Мæнæ дын хæдон дæр мæхæдæг бахуыдтон. Уый дæр та уырзæй басгæрста Бабу: — Гъемæ дæ хуын бирæ. Ницуал та сдзырдта æндæр. Йæ заманы йæ ныхасмæ æнæ бафтаугæ нæ фæцадаид: «Нæ зонын, цæмæй дын дæ дзæбæхтæ бафиддзынæн». Цымæ бамбæрста къабайы æмæ хæдоны нысаниуæг? Цымæ хинымæр ахъуыды кодтаид: цæй ног дарæстæ ма мæ хъæуы, мæ даргъ фæндæгтæ хуыссæнæй уазæгдонмæ куы æрцыбыр сты, уæд? — Мæнæ адон та... — ноджыдæр ма цыдæртæ систа йæ тыхтонæй Токон. Хибарæй сæ ныууагътон æмæ хæринаггæнæнмæ рацыдтæн. Æнудæй фæлæууæнтæ нæй фатеры æмæ æрбацæуæн дуарæй фæстæмæ иннæтæ иууылдæр — быгъдæг гом. Сæ ныхас мæм хъуысы, фæлæ цæуыл дзурынц, уый нæ ахсын. Ныхас, зæгъгæ, æрмæст Токон дзуры, цыдæр хабæрттæ кæны Бабуйæн, уый дæр кæд искуы иу дзырд баппара, уæд хорз. Диссаг мæм кæсы, æрбацæуджытæй куыд никæй ницæмæй фæрсы, уый. Æвæццæгæн, ныхасгæнæгмæ кæд хъусгæ кæны, уæддæр йæ хъуыдытæ дард кæмдæр сты. Афтæмæй та бинонты, цы зонынц æмæ цы нæ зонынц, ахæмæй цæмæй нæ афæрсдзæн, уый нæй. Хæдзары цы æрæййæфта, уымæй фынг арæвдз кодтон уазæгæн: дысоны цæхæраджынтæ æмæ карчы лывзæ. Раздæр уал дзы Бабуйы раз æрæвæрдтон. — Дæуæн дæр ардæм радавон, Токон? Ибонау та рынчыны дæлфæдтæм æруагъта йæхи æмæ афтæмæй ныхас кæнынц. — Уанцон нæу хуыссæнмæ. — Кæд, зæгъын, дæ руаджы Бабу дæр хуыздæр ахæрид. Знонæй нырмæ йæ хъуыры донæй дарддæр ницыма уыд æмæ мæнæн дæр мæ хъуыры къæбæр нæ цæуы. — Ныууадзут ма мæн, уæ хорзæхæй, кæд алы минут хæргæ нæ кæндзынæн! — Омæ, сæ чызг, уæдæ цæуыл ком дарыс, пысылмон комдарæнтæ дæр раджы куы ахицæн сты? — Йарæби, дæ тæккæ размæ хорз федтон мæхи æмæ сой аныхъуырæгау дæн. Куы нæ йæ зонин бæлвырдæй, уæд йæ ныхæстæ мæн дæр бауырниккой. — Хъуырмæ дæ скæндзысты, сæ иу дæр: «ахæр», иннæ дæр: «ахæр». Стыхсын сæ. Цыма мын амонын хъæуы.
— Цом, Токон, истæмæйты дæ хорз фенон, цалынмæ йæ бустæтæй дæумæ дæр ницыма æрхауди, уæдмæ. Хæринаггæнæнмæ рацыдтæн. Цасдæры фæстæ Поли дæр æрбахызт æмæ стъолы фæйнæ фарс æрбадтыстæм. Æнæбары хуыппытæгæнгæ дзуры: — Бынтондæр куыд æрæдзæллаг сæ чызг. Афтæ æнхъæл ын нæма уыдтæн. Мæ разы сывæллон у æмæ сывæллон: чындзы куы æрцыдтæн, уæд дыууадæс-æртындæсаздзыд чызг уыдаид. Уæд ыл цы бæллæх æрбамбæлди? — Бæллæхы тыххæй дын цы зæгъон, нæ зонын, Токон. Низтæй хорз та кæцы у, фæлæ Бабу сæ тæккæ æнамонддæры амæттаг бацис. Фыдызнагæн дæр æй мæ зæрдæ нæ зæгъы. — Ницы федта, мæгуырæг, цардæй дæр, ницы. Сидзæрæй мæгуырдæр макуы мачи йæхи схонæд: алцæмæй дæр стъæлфгæ кæны, æдзух йæхимæ хъусы. Мæнг ныхас тæригъæд у: ныййарæг мадæй уæлдай сын нæ уыдис дзæнæты фæбадинаг Дзуццон; абон дæр æй дзурынц Джызæлы хистæртæ: фыдыусы ном ыл бадгæ дæр не скодта, йæ дзыхæй дæр æй никуы ничи суагъта. Фыд дæр куыннæ, фæлæ уæддæр та — мад; йæ ном йæ уæлæ куы ис: мад, м-мад, былтæ дзы мыдæй сæрстау кæрæдзийыл куы ныхæсынц; фыд та цыфæнды хорзæй дæр æддæмæ схойы: фыдыус, фыдбон, фыдæнæн. Æ, мæ фæрстæ дын айхæлой, сæ чызг, мады рæвдыд чи нæ бавзæрста,— додойгæнæгау йæ сæр банкъуыста Поли. — Цы нæ бон у, Токон, Хуыцауы тæрхонæн? Æвæццæгæн, адæм се ’ппæт мады рæвдыдæй хайджын куы уаиккой, уæд ын аргъ дæр нæ кæниккой. — Афтæ, бæгуыдæр. Сæ чызг та сидзæры къæсæрæй нæма рахызти æмæ идæдзæй аззади уайтагъд. Фыдфыдæбон йеддæмæ ницы федта йе ’взонджы бонты, æмæ йыл уæззау низ дæр куыд нæ фæзына, куыд? Уæддæр ма хорз, æмæ йын ды фæрæстмæ дæ. — О, кæуылты рæстмæ! Фаг фыдæббн ын фенын кодтон æз дæр, фаг маст æм æрхастон. — Уый ма зæгъ. Адæм цы нæ уынынц, ахæмæй ницы ис. Æнхъæлыс, бирæ фырттæ æрбадынц сæ мадæлтæн рынчынгæс? Нæ-æ, мæ мад, мæ фыдастæн. Зæронды бон æй йæ хæдзарæй чи ратæры, ахæмтæ дæр ма разыны суанг. — Уыдон дæр, Токон, тæрхоны бон дзуапдæттæг уыдзысты: Хуыцауæй рох ницы у. Фæлæ йын Бабу дæр йæ къæбицтæ, мыййаг, куы нæ фæкъахта, уæд ын амонды мур йæ цæст цæуылнæ бауарзта? Ницы дзуапп радта Поли, дзуапмæ йæм æнхъæлмæ дæр нæ кастæн, афтæ, æнæуи, мæ зæрдæйы тыхстæй уыди мæ ныхас. Æдзæмæй абадтыстæм иуцасдæр. — Дæуимæ дæр куы атæрхон кæнин, уый мæ фæнды, Токон. Алы бон æм цалдæр хатты нæхимæйы кой вæййы... — Мæнæн дæр куы ракодта уыцы хъаст: æхсæвæддæйы цыдæй, дам, бæргæ нæ рацыдтæн, фæлæ, дам, мыл, цыдæр пъæззы ныддæвдæг æмæ, дам, ныффæстиат дæн. Йæ зæрдæ, мæгуырæг, хъæуы ис цыфæндыйæ дæр, нæ сахуыр горæты. — Куыд дзы хъуамæ сахуыр уа, æз дзы мæ царды фылдæр хай куы арвыстон, уæддæр куы нæ сахуыр дæн. Аласин æй ласгæ дæр, фæлæ дын амы æмæ уымы фадæттæ амонинаг куы нæ сты: цы хойрагæй, цы йæхи ныннайынæй, цы йæхи хъуыды ауайынæй. — Фадæттæ дæр куыннæ, фæлæ иугæр афтæ тынг кæм мысы, уым æй мауал дар ам, алас æй. Мæлæты хæрдтытæ дын, мыййаг, куы нæ кæны, уæлдайдæр та тæккæ дыргъафон. Рагæй-æрæгмæ дæр æй дыргъы разæй куы ницы хъуыдис. Иннæ хъуыддæгтæн дæр исты амал уыдзæни. Алас æй, стыр удыбæстæ скæндзынæ дæхицæн. Чи зоны, æвдадзы хос ын разына Зилгæ æмæ фæдзæбæх уа... Фæндаджы фæйнæ фарс бæрзонд фæцыдысты, сæ ныссадзынæй фæстæмæ хæсгард кæнæ хырх кæуыл никуы андзæвыд, ахæм пæлæхсар акъаци æмæ курага бæлæстæ, дыгай рæнхъытæй æмхæццæйæ сагъдæй. Курага — æбуалгъы зад, йæ гага сыфтæрæй арæхдæр, мæнæ-мæнæ фæбурæввонг. Æгæр диссаг дæр ма у, сæ заманы куыд фæхæцыдысты, уый. Уæлахизы ссæдз азы бæрæгбоны хæдразмæ дæргъвæтин ныхас — сихорæй изæрмилтæм — фæкодтам Хъулаты Хъуыбадыимæ; Ирыстоны хъæды хæдзарады хицауæй куыста уæды заман. Нæ ныхасы сæр уыдис хæсты рæстæджы хабæрттыл; бирæ цæмæйдæрты йæ фæфарстон, бирæ диссæгтæ мын радзырдта. Зилгæйаг дæн, уый куы базыдта дызæгъ-мызæгъы, уæд мидбылты бахудт æмæ афтæ: «Иры иу хъæуæй иннæйы æхсæн фæндаггæрæтты цалдæр рæнхъы бæлас кæм нæ ныссагътон, ахæм нал баззад; куы сæм бакæсай, уæд адæймаджы цæст рæвдауынц. Фæлæ Беслæнæй Зилгæйы æхсæн цас фыдæбон бахъуыд, уый бæрц фыдæбон се ’ппæтыл нæ бакодтам. Ныссадз æмæ та цалдæр боны фæстæ сæ кой дæр нал вæййы: иуæй сæ адæм стонынц, иннæмæй та Зилгæ, Беслæн æмæ Бæтæхъойыхъæу сæ фос бон дыууæ хатты фæндаджы сæрты скъæрынц; хизæнмæ стонгæй куы фæцæйцæуа стур, уæд дæр хъуамæ ахсына тала, æфсæстæй куы здæха, уæд дæр. Уæллæй, уалдзæг æмæ дзы фæззæг садзын бахъуыди цалдæр азы дæргъы». Аирвæзтысты цыфæндыйæ дæр. Фæхæцыдысты. Сбæлæстæ сты. Æмæ ныр замманайы бæзджын аууон дæттынц; хыбархыбургæнгæ æнуд автобусы бадыны бæсты фæлтау зæрдæйы дзæбæхæн фистæгæй рараст у уыцы сатæг аууæтты. Æниу, адæймаг искæмæн дæсны у зонд амонынмæ, æндæр дзы цыма мæхæдæг бирæ хæттыты бацыбæл дæн фистæгæй æруайынмæ. Уæвгæ автобус куы нæма фæзынди, уæд дзы Бабуимæ бирæ фæхафтам дыууæрдæм уæхсчы дзагимæ дæр æмæ афтид голлагимæ дæр. Уæды рæстæджы дзы куы уыдаид, æвæдза, ацы ривæдæн æвгъайуаг аууон. Кæцæй! Быгъдæг быдыры иугæр скæсын бафæразæд хорфыцæнты хур, уыййеддæмæ уайтагъд афтæ судзынмæ бавналы,. æмæ-иу адæймаг йæ хæдоны фæздæг скæлынæй тæрсын байдыдта. — Гыццыл фæсабырдæр кæн, Албег! — сдзырдтон шофырмæ. Гуырысхохуызæй мæм æрбакасти цæстызулæй: фæтæрсыны бæрц тагъд куы нæ тæрын, кæд æй, мыййаг, æмбаргæ нæ бакодтон; алчи та ма рæвдздæр скъæр куы фæзæгъы. — Бауромон? — Нæ, нæ, сабырдæр куы зæгъын. Ницы бамбæрстой иннæтæ дæр. Æмæ йæ кæцæй хъуамæ бамбарой, сæхиуыл æй куы нæ бавзарой, уæд? Æмбаргæ йæ чи бакæнид, уымæн та уæлдай нал у, йæхицæн æдзæмæй бады фæстаг бандоныл æмæ комкоммæ развæндагмæ цымыдйсæй кæсы, цыма фыццаг хатт цæуы ауылты, уыйау. Цымæ дыууæ базарæй кæцымæ хæстæгдæр уыдаид нæ фæндаг — Беслæнмæ æви комбинатмæ? Æвæццæгæн, æмхуызон. Комбинаты базармæ тынг раджы цæуын хъуыдис — авд сахатыл æхсæвы кусджыты рад ахицæн уыдаид, иннæтæ сæ бæсты бавнæлдтаиккой, æмæ раст уыцы афонмæ кæнæ ноджы раздæрмæ баййаф дæ фæткъуыты уæхсчыдзагимæ, куыстмæ чи цæуа, уый дæр куыд балхæна æмæ куыстæй чи здæха, уый дæр, афтæ. Уыдонæй алчи куы аивгъуыйа, уæд ма кæд искуыиу æлхæнæг разына, æндæр нал, æмæ дæ суанг æмбисбонмæ, цалынмæ кусджытæ сихор хæрынмæ раивылой, уæдмæ фæрсæг дæр нал разындзæн; лæууай, ма лæууай дæ уæййагимæ — дзæгъæлы. Æлхæнджытæ æгæрстæмæй иууылдæр зыдтой мамæйы, махæй æлхæнынмæ цыбæлдæр уыдысты; иннæ базаргæнджытæ — мамæмæ зулдзаст хастой: «Удхæссæджы хай, æрбахæццæ ис ай дæр та сæударæй!» — æртæ фæткъуыйыл цыппæрæм æвæрд æмæ — туман; мамæйæн та голладжы уæлæ йæ къус цъупдзагæй — æмæ уый дæр туман; а, æвæдза, æлхæнæг йæ хызын кæнæ къæрта æрбадардта, уæд ма йын дзы дыууæ-æртæ уæлæмхасæн æнæ авæргæ нæ фæуыдзæн. Уый тыххæй йæм-иу суанг æнхъæлмæ дæр ма бакастысты æлхæнджытæй чидæртæ, уайдзæфы хай дæр ма-иу бакуыста йæхицæн: «Дæ хорзæхæй, знон куыннæ фæзындтæ, мæ цæстытæ дæм куы ныуурс сты?» Знон та комбинатмæ афоныл нал æййæфтам æмæ Беслæны базары уыдыстæм. — Фест, мæ къона, рæвдздæр фест: байрæджы нын! Тæхуды, тæхуды, иу райсом ма гуыбыны дзаг фæфынæй кæн; цæсты уæлтъыфылтæ кæрæдзийыл нындæгъдысты, фæхицæн нæ комынц. — Фест рæвдздæр — афонмæ базар рахæлиу! Къæхтæ дзабырты, дзабыртæ — сæ ном: сæ дыууæйæн дæр сæ зæвæттæ æмæ стыр æнгуылдзты бынтæ гом, бæгъæмвадæй уæлдай не сты; æхсæвæй бонмæ фæндаггæронæй надмæ чи рахизы, уыцы сындзытæ тадзы хæрзаг фæныхс-фæныхс кæндзысты — атъыстон, уæддæр цæстæй нæма ракастæн. Цудтытæгæнгæ бацыдтæн кæрты фæскъуым фæйнæгæй быруйыл йæ сæрдыгон бынаты фидаргонд æрхуы хихсæнмæ, мæ къухтæ æмæ цæсгом уазалгомау донæй сæнхъæвзтон æмæ æрмæст уæд райхъал дæн æххæстæй; ихæнриз кæнын айдагъ цыбыр хæдоны. Сæуæхсид бæлвырд фæбæрæг, фæирд, уæддæр ма æхсыргуртæ æнæууæнкхуызæй — хур скæсдзæн æви йæм фæстæмæ аныгуылыны фæнд уа — фæлварынц сæ хъæлæстæ. Цымæ уыдоны та цы тилы ацафон барвæндæй рабадынмæ? Сарайы стъолы кæрон сисынæввонг цы дыууæ голладжы æрцæттæ кодтам дысон изæрæй, уыдон бæлвырд фæгуыбынджындæр сты: æхсæвы цы рæгъæд фæткъуытæ æрхауд, уыдонæй ма сыл афтыдта мамæ. Æмбисæй фылдæр голлаг — йæхи уаргъ, æмбисæй къаддæр — мæн. Хорз æмæ сыхы лæппутæ нырма адджын фынтæ уынынц, æндæр сæ фидистæн кæрон нал уаид. Уæллæй, куы йæ фæразин, уæд стырдæр нæ, фæлæ дыууæ голладжы дæр ахæссин: иу — рахиз уæхскыл, иннæ —. галиуыл. — Сæккой мын кæн,— стъолы цурмæ бацыд мамæ. Ныр æй ардыгæй бынатмæ цалынмæ хæццæ кæнæм, уæдмæ нал æрæвæрдзæн. Мæнæн та ме уæхск æрцæйрæдувы æмæ йæ иу уæхскæй иннæмæ цалдæр хатты раивын. Бæстыл æгæр-мæгуыр куыдз рæйæг дæр нæма ис, æрмæст скæсæн ирддæргæнгæ цæуы æмæ цъиутæй хуры скастыл гуырысхо ничиуал кæны — куыд рухсдæр, афтæ æзхъæрдæрæй кæрæдзи дзыхæй исынц зарджытæ. Дзиуаты тигъыл фæзылдыстæм.. Ныр ардыгæй Беслæнмæ æмраст у нæ фæндаг. Стæфстæн — фæткъуыты уæзæй. — Тобæ, Хуыцау, уæдæ Залийы чындзæн цæй уды фидар ис алы райсом, уый æндæр йеддæмæ куы нæ у, уæд! Сывæллоны та ма кæдæм æргæвды — ацафон æй рабадын кæн? Бимболаты хъæлæс. Æвæццæгæн, зæххы скъуыды ныххауди куыд фæзæгъынц адæймагæй, афтæ зæххы скъуыдæй схъиугæ дæр скæны, æндæр кæцæй фегуырдаид? Хуыцау ме ’вдисæн, сæ цурмæ куы схæццæ стæм, уæд сæ кулдуармæ — кулдуар, зæгъгæ, кæрæдзимæ дæрддзæфгомау, род кæнæ дзы фыс куыд нæ бахиза, афтæ дæргъмæ хуыд цыппар фæйнæджы — фæкæсфæкæсгæнгæ, куыдз ралæбурыны тæссæй, цыдтæн æмæ дзы куы ничи зынди, уæд ныр нæ тæккæ чъылдыммæ кæцæй февзæрд? Цæппæруагъд бæмбæджджыны, йæ сæрыл — лæбырд-ихсыд морæ бухархуд. Афтæ æнæнхъæлæджы фæзыны, афтæ хъæрæй дзуры, уæдæ йæхæдæг уæзхъус дæр нæу,— æмæ йе сныхасæй адæймагæн æнæ фестъæлфгæ нæй. Æппын фынæй нæ кæны æви цавæр уа? Æниу æй фынæйтæм дæр кæцæй æвдæлдзæн: йæ ус раджы амарди — æз æй не ’рæййæфтон; чызг æмæ йын лæппу баззади, ме ’мгæрттæ; хæринаг дæр сын йæхæдæг кæны, æхсгæ дæр, æмпъузгæ дæр. Уæд æй кæцæй хъуамæ æвдæлдаид бонрæфтæм фынæйтæ кæнынмæ? Ноджы ма хъуг дæр дæхæдæг æрдуц, рæгъаумæ йæ аскъæр, адæмыл æрзил — бригадир уыд. Бригадиртæй та адæмимæ хъæрæй дзурын кæй нæ хъæуы, ахæм нæй: кæмæн — лæгъстæтæ, кæмæ — æртхъирæнтæ. Йæ æлгъыст цæуаг у, зæгъгæ, тарстысты Бимболатæй. Худæг уыди ибон. Уæд дæр базармæ рацæйцыдыстæм,. æрмæст иннæ хæттытæй фæстæдæр, хур дзæвгар суади, афтæмæй. Бимболаты бакомкоммæ нæхи Жапхантæ цæрынц. Сæ дуар сын гуыпп-гуыппæй куыд хоста, уый нæм дардмæ хъуысти. Кæсæг æм нæ уыд. Йæ размæ куы схæццæ стæм, уæд, махмæ æвдисæн фæлæууынмæ цыма сидти, афтæ хъæрæй загъта: — Уæдæ кæд искуы æмбæхст у, уæд æй, иунæг цытджын Хуыцау, йæ æмбæхсæнмæ мæныйас дурæй æрцæв! — Тобæ, Хуыцау, тобæ! — нартхорыл дæрдты фæхилæг насы æртæхдзæф сыфтæры æхсæнæй рагæпп ласта Жапхан. Хъæугæронмæ куыд рахæццæ стæм, афтæ хур дæр йæ был сдардта. Уæлмæрды кæрон къуыбырыл куы фæуырдыг кодтам, уæд къахвæд фæзылд сосайы ’рдæм æмæ суанг Беслæнмæ йæ галиу фæрсты æмдзуйæ араст, фырнадæй йæ рыг кæлы. Сосайæн йæ рахиз фæрсты дæр йæ заманы уыди къахвæндаг, фæлæ хæсты рæстæг æмæ хæсты фæстæ машинæтæ куы сарæх сты, уæд куыдфæстæмæ фесæфт, кæрдæджы бын фæцис, зына-нæзына бæрæг ма дары, цæуæг ыл нал ис, уымæн æмæ дымгæ иудадзыг скæсæнырдыгæй дымы æмæ, хуырастæрд сосайыл машинæ куы ацæуы, уæд йæ рыджы къуыбылæйттæ дæлæрдæм ивылынц. Цас тынгдæр фæллайын æмæ голлаг иу уæхскæй иннæмæ цас арæхдæр раргъæв-баргъæв кæнын, уыйас тынгдæр оудзынц сæ дыууæ дæр. Сфæлтæрыны афон сын бæргæ у, афтæмæй сын ницы æнтысы. Уагæры цæй æфсæйнаг у мамæйы уæхск — голлаг ын куыд сæргъæвын галиу æккоймæ, афтæмæй йæ хæссы, йæ комбастыл ын сæры уæлæты рахиз къухæй хæцгæ; иунæг хатт дæр æй нæма æрæвæрдта. Æрмæст рæстæггай, къахвæндаджы рыг дзабырты куы скъуыбар вæййы æмæ йæ хъыгдарын куы байдайы, уæд æрлæууы, дзабыр къахæй æххæст нæ феппары, афтæмæй йын зæвæтæнцойæ йæ уæлхъусыл фæхæцы æнгуылдзтæй æмæ йæ æрцæгъды, йæ рыг ын ракалы, стæй та иннæ дзабырæн. Æз дæр æй афæзмыныл фæлварын, фæлæ нæ арæхсын; æрлæууын, хуынчъытæ дзабыртæ радгай раласын, иу къахыл лæугæйæ сæ кæрæдзийы зæвæтыл æрхойын. Фæндаггæронмæ та ахизæн нæй: ахæм бæзджын фæрдыгæртæх æрæвæрдта кæрдæгыл,. æмæ’дыууæ санчъехы фæстæ дзабыртæ къодах фестдзысты. Ноджы дзы сындз мæлæты арæх у, къахвæндагмæ æрбахъуызынæввонгæй лæууы. Æлхыскъмæ бавнæлдтой хуры тынтæ, хиды фыццаг æртæхтæ æрхылдысты къæбутырдыгæй. Рæвдздæр, рæвдздзæр, æфсæнвæндаджы ацырдыгæй фарс доны къранты сæрмæ цы дыууæ незамантаг акъацийы ныппæлæхсар, уыдоны бынмæ. Куы сæм схæццæ стæм, æрмæст уæд æрæвæрдта Зилгæйæ ардæм йæ хæссинаг мамæ. Цыма сойыфыхæфсæстæй сдойны стæм, уыйау армытъæпæныдзаггай зыдгомау бануæзтам. Ныр ардыгæй базармæ бауайын нымады дæр нал у. Иннæ хæттытау та ацы хатт дæр тæрхæджытыл уæгъд бынат нæ разынд: ардыгон сæудæджергæнджытæ фæразæй сты æмæ сæ бацахстой. Базардзаутæм гæппæй лæууынц; исчи уæййагимæ фæзынди, уæд ыл цалдæрæй амбырд уыдзысты æмæ ныхас кæрæдзи дзыхæй исгæ аргъ дæлæмæ тæрыныл сæхи хъарынц. Тæрхæджытæ махмæ нæ хауынц, буцдæр хæринæгтæн сты: гуылтæн, æйчытæн, гуымбылтæн, æхсырæн, тамакойæн, æхсынæнæн. Мах бынат та — тæрхæджыты рæнхъæй дæлдæр: зæххыл æрæвæр дæ уæййаг. Æлхæнджытæн сæ арæзт æппæты разæй ардæм у — асламдæр æмæ æнæсайддæр. Тæрхæгæй дæр нæ ничи ратæрид, фæлæ цалынмæ хъæуæй-хъæумæ схæццæ вæййæм, уæдмæ сæ иннæтæ ацахсынц, сæудæджертæ. Сæ фылдæры куыст: ссад туджы аргъæй балхæн æмæ дзы гуылтæ сфыц, ноджы зынаргъдæрæй сæ уæй кæн — æфтиаг дæм дзы куы нæ æрхауа, уæд ма дæ фыдæбон та циу. Кæд кæрæдзийæн уæнгæл сты — «ды куы нæ уаис, уæд мæ базайраг афонмæ раджы ауæй уыдаид»,— уæддæр бахъуыды сахат кæрæдзи сæрыл рагæпп ласынц, иу иннæйы руаджы аргъ дæлæмæ хауын нæ уадзы. Фæткъуы уæйгæнджытæ дæр дзы ис: нымадæй цалдæр фæткъуыйы æрæвæрдзысты æмæ — туман. Уыдоны мæгуырау цъупп дæр æмæ мамæйы гуымбылахсæн къус дæр — туман. Махæй дæр уæхсчыдзаггай балхæнынц, стæй йæ уæд цъупгай цалдæр хатты зынаргъдæрыл уæй кæнынц. Туман. Асламдæр аргъ нал ис базары. Æфтиаг. Æниу, уыдонæн уый сæ куыст у — бон-изæрмæ лæууыны фадат сын ис, махмæ та хæдзары куыстытæ æнхъæлмæ кæсынц. Уымæ гæсгæ ратты мамæ æрдæглæварыл уæхсчыдзаг: æрмæст фæстæмæ хæссинаг ма фæуæд. Фыццагдæр æртæ къусы куы ауæй сты, уæд мамæ мæн фæуагъта фæткъуыты уæлхъус, йæхæдæг ацыд æмæ мын гуыл балхæдта. — Хуыцау, бахатыр кæн, рынчыны разæй сабийæн дæттын къæбæр, æмæ, фæлæ йæ иугæр дунейы рухсмæ кæм рауагътай, уым æй сыдæй дæр куыд амарон? Рынчын йæ тиуæй зæгъы, Доданæй. Хæсты тæккæ райдианы йæм куыд фæсидтысты, афтæ æнæхъæн æртæ азы бæрц йæ кой, йæ хъæр нал райхъуыст. Йæ катайæ Яи æнафоны ингæн ссардта. Кæд æй бинонтæй хæрдмæ ничи уæндыд, уæддæр Доданæн æгас æнхъæл нал уыдысты. Æмæ дын дзы æндæраз уалдзæджы хабар куы райсиккам. Фыста Пермæй, госпитæлæй. Стыр хатыртæ куырдта, хабар дзы афтæ æрæгмæ кæй нæ уыд, уый тыххæй; бинонтæй, хæстæгæй, сыхагæй — се ’ппæты дæр лæмбынæг фæфарста. «Æгайтма сæрæгас.разынди»,— цин кодтой канд хионтæ нæ, фæлæ æгас хъæубæстæ дæр. УаЛынмæ фарон, Уæлахизы хæдразмæ, йæхæдæг дыууæ лæдзæгæнцой схæццæ. Æмæ уæдæй нырмæ, иугæр госпитæлы ма хуыссæд, æндæр хæдзары бады, цæй кусынтæн ма у: рахиз къахы фадхъул бынтон пырхытæ, цас æй нæ фæдзæбæх кодтой Пермы, Калачы æмæ нæхи Дзæуджыхъæуы дохтыртæ, уæддæр сæ бон ницы бацис, хъæдгом нæ байгас, хæфæмхæццæ туг сындæггай хъары æмæ хъары æнæкæронæй, алы изæр дæр йæ бæстытæ ивинаг. Йæ рæстæг фылдæр сынтæджы æрвиты; райсомæй куы рабада, уæд азылдтытæ кæндзæн, уынгмæ акæсдзæн, стæй фæстæмæ йæ уатмæ бацæудзæн æмæ æд дзаумæттæ сынтæджы йæхи æруадзы: цæф къах — сынтæгыл, иннæ — пъолыл. Уæртæ йæ Борыхъуаты Сослæнбег арæх абæрæг кæны изæрыгæтты. Уымæн та Мæздæджы сæрмæ, Вознесенкæйы рагъыл, ахаста йæ уæраджы кæхц немыцаг сйрмадзаны нæмыджы схъис æмæ къах æмрастæй баззади, уæддæр зивæг нæ зоны, уыцы сæрæн уад кæны фаллаг фарсæй ардæм. Сæ ныхас мидæггаг уаты цырагъы рухсмæ вæййы, æз та сæм талынг æддаг уаты мæ хуыссæнæй фæхъусын.
![]() |